Цхинвайлаг баскетболисттӕ стох кӕндзысты цӕгатирыстойнаг турниры

© Sputnik / Алексей КовалевБаскетбол
Баскетбол - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Командӕ ӕнтыстджын куы разына, уӕд сентябры та хайад райсдзӕн Цӕгат Ирыстоны баскетболон фестивалы.

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Цхинвалы баскетболон командӕ хайад райсдзӕн Цӕгат Ирыстоны турниры, фехъусын кодтой Sputnik РХИ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты.

Ерыстӕм Хуссар Ирӕй цӕуынц тренер Дзанайты Гивийы хъомылгӕнинӕгтӕ, командӕйы сконды фылдӕр бӕрцӕй сты дыккӕгӕм скъолайы ахуырдзаутӕ.

"Турниры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ нӕ командӕйӕн фадат уыдзӕн сентябры Цӕгат Ирыстоны баскетболы фестивалы стох кӕнын. Командӕ стыр ныфс ӕвӕры хъазӕг Гӕззаты Сӕрмӕтӕй — у иттӕг хорз баскетболист, йӕ ас та у дыууӕ метрмӕ ӕввахс", — загъта комитеты пресс-секретарь Софа Исаакян.

Баскетболы турниры архайдзысты 1999-2001 азы гуырд спортсментӕ. Ерыстӕ цӕудзысты 14-15 майы Цӕгат Ирыстоны, хъӕу Октябрьскоейы.

Ног хабӕртты лентӕ
0