Цхинвалы ныффыстой тоталон диктант мадӕлон ӕвзагыл

© Sputnik / Фатима ПлиеваТоталон диктант Цхинвалы
Тоталон диктант Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуыргӕнджытӕ, скъоладзаутӕ, хицауады кусджытӕ, студенттӕ ӕмӕ журналисттӕ тырнынц сӕ хӕслӕвӕрд иттӕг хорз нысӕнттыл ныффыссынмӕ. Хайадисджыты хсӕн ис канд ирӕттӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕндӕр нациты минӕвӕрттӕ дӕр.

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Цхинвалы дӕсгай адӕймӕгтӕ ӕрӕвнӕлдтой мадӕлон ӕвзагыл глобалон диктант фыссынмӕ.

Мадзал арӕзт ӕрцыд республикӕйы ахуырады министрады хъӕппӕрисӕй ирон ӕвзаджы боны цытӕн, кӕцы нысан цӕуы 15 майы.

Ахуыргӕнджытӕ, скъоладзаутӕ, хицауады кусджытӕ, студенттӕ ӕмӕ журналистты ӕрбангом кодта ирон ӕвзагмӕ уарзондзинад ӕмӕ иууылдӕр тырныдтой диктант иттӕг хорз нысӕнттыл ныффыссын. Кӕд дзы иутӕ скъола раджы фесты каст, аннӕтӕ та нырма ахуыр кӕнынц, уӕддӕр ӕппӕтреспубликон диктант фыссынц иугъуызон уавӕрты.

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ирон ӕвзаджы грамматикӕйы сӕ зонындзинӕдтӕ фӕлварынц Хъайтыхты Азӕмӕты очерк "Хӕдзары хицау"-уы скуыддзагӕй. Бакаст текст гимнази "Альбион"-ы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Зассеты Зара.

Иннӕ ӕзтӕм абаргӕйӕ, ацы аз диктант фысджыты нымӕц уыд зынгӕ къаддӕр. Се ‘хсӕн уыд канд ирӕттӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр нациты минӕвӕрттӕ дӕр. Цы нысӕнттӕ райсдзысты, уый фӕбӕрӕг уыдзӕн цыппӕрӕмы.

Ног хабӕртты лентӕ
0