Цхинвайлаг гимнасткӕтӕ афӕндараст сты ӕппӕтуӕрӕсейаг конкурсмӕ

© Sputnik / Ада БагианЦхинвайлаг гимнасткӕ
Цхинвайлаг гимнасткӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Командӕйы сконды ис авд чызджы 14-17 азы кары, уыдон ӕхсӕнадӕмон ерысты хайад исынц ныр дыккаг хатт.

ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik. Эстетикон гимнастикӕйӕ цхинвайлаг командӕ "Ирон" хайад райсдзӕн гом ерыстӕ "Весенние ласточки"-йы Краснодары, фехъусын кодта Sputnik командӕйы тренер Цхуырбаты Зема.

Аивадон гимнастикӕйӕ Цхинвалы уагъд ӕрцыдысты ерыстӕ

Эстетикон гимнастикӕйы секци Хуссар Иры сырӕзт ӕрдӕг азы размӕ аивадон гимнастикӕйы скъолайы бындурыл.

"Ирон"-ы сконды ис авд чызджы 14-17 азы кары. Уыдон ӕхсӕнадӕмон ерысты хайад исынц ныр дыккаг хатт.

"Бацӕттӕ кодтам ерыстӕм программӕ, равдисдзыстӕм ӕй дыууӕ конкурсон туры. Амӕй размӕ ма архайдтам Ростовы ерысты дӕр, уым дӕр мӕ чызджытӕн уыд аккаг ралӕудтӕ, фӕлӕ ныр сты хуыздӕр цӕттӕ", — радзырдта тренер.

Ерыстӕ цӕудзысты 14 майы Краснодары крайы.

Ног хабӕртты лентӕ
0