Хъӕбысхӕсты турниры Цхинвалы сӕ тыхтӕ бавзардзысты 150 богалы

© Sputnik / архивное фотоКъудухты Бесикы номыл турнир Цхинвалы
Къудухты Бесикы номыл турнир Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир фӕбӕрӕг кӕндзӕн хицӕн кары ӕмӕ уӕзы категориты 23 уӕлахиздзауы.

ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik. Стыр Уӕлахизы цытӕн ӕппӕтреспубликон ерыстӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй уагъд ӕрцӕудзысты 14 майы Цхинвалы, фехъусын кодта Sputnik столицӕйы администрацийы спорты управленийы хистӕр Битеты Гурам.

Турнир уагъд цӕуы ныр фӕндзӕм аз ӕмӕ ӕрвылаз дӕр ӕрӕмбырд кӕны сӕдӕйӕ фылдӕр хъӕбысӕйхӕцӕджы. Иууыл ӕнтыстджындӕртӕ стӕй хайад фӕисынц ӕхсӕнадӕмон ӕмвӕзады ерысты.

"13 майы сараздзыстӕм хайадисджыты номхыгъд ӕмӕ сбӕлвырд кӕндзыстӕм спортсменты уӕзы категоритӕ. Ивгъуыд азтау ныр дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм 150 онг спортсменмӕ", — загъта Битеты Гурам.

Уый ма банысан кодта, турнир кӕй фӕбӕрӕг кӕндзӕн хицӕн кары ӕмӕ уӕзы категориты 23 уӕлахиздзауы. Ерысты архайдзӕн кӕстӕр (2003-2004 ӕзты гуырд) ӕмӕ хистӕр (2001-2002 ӕзты гуырд) кары спортсментӕ.

Мадзал ацӕудзӕн Цхинвалы сывӕллӕтты ӕмӕ ӕрыгон фӕсивӕды спорты скъолайы бӕстыхайы. Ерыстӕ организацигод цӕуынц Цхинвалы администрацийы спорты управленийы тыхтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0