Хуссар Иры ӕрцахстой 9 гуырдзиаджы ӕнӕ документтӕй

© Sputnik / Ада БагианУӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ
Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныртӕккӕ Арӕнгӕрон службӕ архайы фӕткхалджыты нӕмттӕ рабӕрӕг кӕныныл.

ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны фараст ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ фехӕлдтой паддзахадон арӕны, фехъусын кодтой Sputnik Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕйы.

"Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны ‘хсӕн арӕныл 11 майы Знауыры районы Уахтанамӕ хӕстӕг арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны фараст ӕмбӕстаджы. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уыдон сты Сачхерейы районы Корбаулы хъӕуы цӕрджытӕ", — загъта пресс-службӕйы кусӕг.

Фӕткхалджытӕн семӕ нӕ разынд документтӕ. ПӔК-ы арӕнгӕрон службӕ кусы уыдонӕн сӕ нӕмттӕ сбӕлвырд кӕныныл.

Майы улӕфт бонты рӕстӕджы Хуссар Ирыстоны арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны фондз ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ фехӕлдтой паддзахадон арӕн. Уымӕй дарддӕр, фарастӕм майы Цхинвалы районы урӕд ӕрцыд иу къорд, кӕцы бафӕлвӕрдта уӕзласӕн машинӕйыл змис ӕрбаласын Хуссар Ирмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0