Ирон культурӕйы бонтӕ байгом уыдзысты Европӕйы

© Sputnik / Архивное фотоИрон культурӕйы бонтӕ Европӕйы
Ирон культурӕйы бонтӕ Европӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нывгӕнджыты равдыст уагъд ӕрцӕудзӕн Люксембург ӕмӕ Авиоты, фыццаг хатт та байгом уыдзӕн Берлины дӕр.

ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik. Ирон культурӕйы бонтӕ Европӕйы байгом уыдзысты аивадон равдыст "Арв-арт"-ӕй, фехъусын кодта Sputnik ӕхсӕнадӕмон Ассоциаци "Renaissance Sandidzan"-ы къухдариуӕггӕнӕг Пухаты Радион.

Равдыст байгом уыдзӕн Брюсселы 14 майы.

"Ацы аз сӕ куыстытӕ адӕмы рӕгъмӕ рахӕсдзысты Тогъуызаты Игорь, Плиты Таймураз, Куымӕридтаты Аркадий, Цаллӕгаты Фатимӕ ӕмӕ Виктор, Хъӕцмӕзты Фатимӕ, Атайты Валерий ӕмӕ ӕндӕр нывгӕнджытӕ", — ранымадта Пухаты Радион.

Мадзалы фӕлгӕтты ма уагъд ӕрцӕудзӕн тымбыл фынг дӕр Ирыстон ӕмӕ Европӕйы сфӕлдыстадон интеллигенцийы хайадистӕй.

Афтӕ ма Ассоциацийы къухдариуӕггӕнӕг банысан кодта, Ирон культурӕйы бонты географи ацы аз кӕй фӕуӕрӕхдӕр уыдзӕн.

"Ирон культурӕйы бонтӕ Европӕйы уадзӕм ныр ӕхсӕзӕм аз. Нывгӕнджыты равдыст ма уагъд ӕрцӕудзӕн Люксембургы ӕмӕ Авиоты, фыццаг хатт та байгом уыдзӕн Берлины дӕр", — загъта организатор.

Уый ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, нывгӕнджыты сконд ӕмӕ сӕ куыстытӕ кӕй ивынц азӕй азмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0