ЦХИНВАЛ, 13 май — Sputnik. Донецкаг æмæ Луганскаг адæмон республикæты, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны профцæдисон организацитæ бафыстой æмгуыстгæнынады фæдыл бадзырд, фехъусын кодтой цыппæрæмы РИА Новостий ДАР-ы профцæдисты федерацийы.
ДАР-ы столицæйы цыппæрæмы уагъд æрцыд конвент-форум "Фидæны стратеги" ("Стратегия будущего"), кæцы нывонд у республикæйы хæдбардзинадыл дыууæ азы сæххæсты цытæн. Форум æрбамбырд кодта 500 хайадисæджы ЛАР, ДАР, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонæй.
Бæрæгбонон мадзæлтты хайад исынц Хуссар Иры минæвæрттæ дæр.
"ДАР-ы профцæдисты федераци бафыста æмгуыстад æмæ æмархайды фæдыл бадзырд йæ хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг коллегæтимæ. Сæрмагондæй, бафыстæуыд бадзырд ДАР æмæ Хуссар Ирыстоны культурæйы кусджыты профцæдистимæ", — загътой пресс-службæйы.
ДАР-ы Профцæдисты федерацийы банысан кодтой, ацы бадзырдты бафыст фадат кæй ратдзæн политикон, профцæдисон æмæ хъуыддагон контакттæ фидар кæнын, афтæ ма æхсæнадæмон æмвæзадыл стратегион æмгуыстады райрæзтæн.
Хуссар Ирыстон банымадта Донецкаг адæмон республикæйы хæдбардзинад 2014 азы 27 июны.
Апрелы Хуссар Ир, ДАР æмæ ЛАР-ы закондæттæн органты æхсæн бафыст æрцыдысты æмгуыстады фæдыл меморандумтæ.