ЦХИНВАЛ, 13 май — Sputnik. Зынгæ ирон фыссæг æмæ ахуыргонд, академик Джусойты Нафийы номыл национ литературон премийы лауреаттӕ фӕбӕрӕг уыдзысты сабаты ПККЗ "Чермен"-ы цытджын церемонийы рӕстӕджы.
Конкурс ивгъуыд азы кӕрон расидт хӕрзаудӕн фонд "Амонд", кӕцыйы сарӕзта РХИ хицауады раздӕры сӕрдар Хуыгаты Ростик.
Фонды директор Челæхсаты Хъазбег куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй конкурсмӕ сӕ куыстытӕ бавдыстой 20 адӕймаджы Ирыстоны дыууӕ хаййӕ — 12 Цӕгатӕй, 8 та Хуссарӕй.
"Уыдонӕй ӕртӕйӕ суыдзысты премийы лауреаттӕ, ӕхсӕзӕй та райсдзысты грамотӕтӕ. Фыццаг бынат чи бацахса, уый райсдзӕн 150 мин сомы, дыккаг — 100 мин сомы, ӕртыккаг та — 50 мин сомы. Конкурсы уæлахиздзау ма райсдзӕн диплом æмæ сӕрмогонд майдан Джусойты Нафийы фæлгондзимӕ", — загъта Челæхсаты Хъазбег.
Уый ма банысан кодта, ӕрбавдисгӕ куыстытӕ кӕй сты цыппар жанры — прозӕ, поэзи, драматурги ӕмӕ публицистикӕ.
"Ацы куыстытӕй къамис, кӕцыйы сконды сты фонды уӕнгтӕ, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сфӕлдыстадон кусджытӕ, равзӕрстой ӕртӕ аккагдӕры. Уӕлахиздзауты нӕмттӕ фӕбӕрӕг уыдзысты сабаты цытджын церемонийы рӕстӕджы", — радзырдта директор.
Хорзӕхкӕныны церемонийы ма сӕ арӕхстдзинад равдисдзысты сфӕлдыстадон коллективтӕ дӕр.
Джусойты Нафи у Ирыстоны раззагон интеллигенцийы ирддӕр минӕвӕрттӕй сӕ иу, стыр ахуыргонд, ирон литературӕйы классик ӕмӕ зынгӕ ӕхсӕнадон архайӕг.