Черчесты Станислав "Легия"-йӕ сарӕзта Польшӕйы уӕлахиздзау

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæЧерчесты Станислав
Черчесты Станислав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон тренеры Польшӕмӕ фӕхуыдтой кусынмӕ сезоны астӕу, уӕд "Легия" бӕстӕйы иууыл ӕнтыстджындӕр командӕ "Пяста"-йӕ уыд 10 очко фӕстӕдӕр. Черчесты Станиславӕн ӕхсӕз мӕймӕ бантыст командӕйы уӕлахизмӕ ӕркӕнын.

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Ирон тренер Черчесты Станиславы къухдариуӕгады бын Польшӕйы футболон клуб "Легия" ссис бӕстӕйы уӕлахиздзау, хъусын кӕны "Осетия Times.

Ирон тренеры Польшӕмӕ фӕхуыдтой кусынмӕ сезоны астӕу, уӕд "Легия" бӕстӕйы иууыл ӕнтыстджындӕр командӕ "Пяста"-йӕ уыд 10 очко фӕстӕдӕр.

"Черчесты Станиславы командӕ кӕройнаг фембӕлды ныхмӕлӕууӕг командӕйы рамбылдта 3:0 хыгъдӕй. Кӕд сезоны астӕу турнирон таблицӕмӕ гӕсгӕ "Легия" уыд дӕс очко фӕстӕдӕр "Пяста"-йӕ, уӕд ныр та йӕ разӕй ахызт ӕртӕ очкойы", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Зынгӕ ирон тренер Черчесты Станислав варшаваг футболон клуб "Легия"-имӕ бафыста контракт 2015 азы октябры райдайӕны.

Бадзырдмӕ гӕсгӕ ирон тренер къухдариуӕгад кӕндзӕн "Легия"-йӕн дыууӕ азы дӕргъы. Черчесты Станислав уымӕй размӕ куыста "Динамо"-йы сӕйраг тренеры бынаты. У Уӕрӕсейы спорты сгуыхт кусӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0