УУМ-ы оперативон къорд "Лидер" æрæвналдзæн Хуссар Ир минæтæй ссыгъдæг кæнынмæ

© Sputnik / Алана СабееваЦентр "Лидер"-ы къуырисæры цытджын æгъдауæй афæндараст кодтой ирвæзынгæнджыты
Центр Лидер-ы къуырисæры цытджын æгъдауæй афæндараст кодтой ирвæзынгæнджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Уæлдай тасӕй ирвæзынгæнæн операцитæ уадзыны центр "Лидер"-ы дæлхайадтæ ацæудзысты Хъырым, Серби æмæ Хуссар Ирыстонмæ, ацы территоритæ минæтæй сыгъдæг кæнынымæ. Ирвæзынгæнджыты командировкæйы æмгъуыд у 80 боны.

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik, Сабеты Аланæ. Уӕлвӕткон уавӕрты министрады центр "Лидер"-ы къуырисæры цытджын æгъдауæй афæндараст кодтой ирвæзынгæнджыты, кæцытæ ацæудзысты командировкæйы Хуссар Ирыстоны æмæ Сербийы территоритæ минæтæй сыгъдæг кæнынмæ, афтæ ма Хъырымаг Федералон зылды УУМ-ы хаххыл æдасдзинад бахъахъхъæнынмæ. РХИ-йы æртæ мæйы дæргъы 30 ирвæзынгæнæджы сыгъдæг кæндзысты минæтæй Сазалеты хъæуы алыварс территори.

УФ Федсоветы æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынады комитеты уæнг Дмитрий Саблин фехъусын кодта Федерацийы советы сæргълæууæг Валентина Матвиенкойы фæндагарфæтæ.

Танчы ныхмӕ минӕйы срӕмыгъд Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыууӕ адӕймаджы спырх сты минӕйыл Цхинвалы

"Сымах фæрцы æрмæст нæ бæстæйы цæрджытæн нæй фадат сабырады цæрын. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цӕмӕй æнтыстджынæй æмæ кадимæ командировкæйы уæ разы æвæрд хæстæ сæххæст кæнат. Æнхъæлмæ уæм кæсæм удæгас æмæ æнæнизæй", — загъта уый.

РХИ парламенты спикер Бибылты Анатолий дæр фæндагарфæ ракодта къордтæн. Республикæйы президент Тыбылты Леониды номæй, уый загъта бузныджы ныхæстæ ирвæзынгæнджытæн сæ ахсджиаг куысты тыххæй.

Спикер куыд банысан кодта, афтæмæй уæрæсейаг ирвæзынгæнджытæ кæнынц иудадзыг æххуыс Хуссар Ирыстоны цæрджытæн. 2008 азы августы хæсты рæстæджы æмæ йæ фæстæ дæр уыдон æххуыс кодтой республикæйы цæрджытæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы командировкæйæн ис стыр нысаниуæг республикæйы цæрджыты æхсæн. Хæсты фæстæ Сазалеты хъæуы цур арæх спырх вæййынц адæм æмæ хæдзарон фос. Ацы территори минæтæй ссыгъдæг кæныны куыстытæ ратдзысты цæрджытæн дæр æмæ туристтæн дæр сæрибарæй цæуыны фадат.

"Иууыл зындæр ацы куысты уый у, æмæ нæм кæй нæй ацы районы минææвæрд быдырты картæтæ. Ирвæзынгæнджыты бахъæудзæн куырмæджы куыст кæнын. Фæлæ сæ профессионалондзинад хынцгæйæ, æз нæ дызæрдыг кæнын, уыдон æнтыстджынæй кæй сæххæст кæндзысты сæ разы æвæрд хæстæ. Ацы мадзал у радон къахдзæф республикæйы сабыр цард ныллæууын кæныны хъуыддаджы", — загъта Бибылты Анатолий.

© Sputnik / Алана СабееваИрвӕзынгӕнджыты Цхинвалмӕ афӕндараст кодтой Дмитрий Саблин ӕмӕ Бибылты Анатолий
Отряд МЧС Лидер проводили в Южную Осетию спикер парламента РЮО Анатолий Бибилов и член СФ РФ Дмитрий Саблин  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирвӕзынгӕнджыты Цхинвалмӕ афӕндараст кодтой Дмитрий Саблин ӕмӕ Бибылты Анатолий

Уæрæсейы уæлвæткон уавæрты министрадæн ацы командировкæ Хуссар Ирыстонмæ у фыццаг 2008 азы августы фæстæ. 2008 азæй фæстæмæ центры кусджытæ æрвылаз сыгъдæг кæнынц минæтæ æмæ рæмудзæн æрмæджытæй Сербийы территоритæ.

Йæ бындурæвæрдæй фæстæмæ, 21 азы мидæг Центры хисæрмагонд сконд ауагъта дыууæ минæй фылдæр ирвæзынгæнæн, гуманитарон æмæ сæрмагонд операцитæ. Уыдон рæстæджы фервæзын кодтой фондз мин адæймаджы, уæлвæткон уавæрты районтæй эвакуацигонд æрцыдысты æртæ минæй фылдæр лигъдæттæ, цæфтæ æмæ рынчынтæ. Дунейы æмæ бæстæйы æндæр æмæ æндæр регионтæм фæхæццæ кодтой 200 мин тоннæйы гуманитарон æххуыс, аиуварс æмæ скуынæг кодтой 100 мин рæмудзæн æрмæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0