Брюсселы æрдзырдтой "Европæ æмæ Ирыстоны цæстæнгасыл культурæйы фарстытæм"

© Архивное фотоИрон культурӕйы бонтӕ Европӕйы
Ирон культурӕйы бонтӕ Европӕйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тымбыл фынг уагъд æрцыд ирон культурæйы бонты фæлгæтты, кæцытæ байгом сты Брюсселы 14 майы.

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik. Европæйаг æмæ ирон интеллигенци æрдзырдтой Брюсселы "Европæ æмæ Ирыстоны цæстæнгасыл культурæйы фарстытæм", тымбыл фынг уагъд æрцыд Европæйы ирон культурæйы бонты фæлгæтты, фехъусын кодта æхсæнадæмон æнæкоммерцион Ассоциаци "Renaissance Sandidzan"-ы сæргълæууæг Пухаты Радион.

"Тымбыл фынг æрæмбырд кодта нывгæнджыты, интеллигенцийы минæвæртты. Мадзалы хайад райста зонад æмæ культурæйы уæрæсейаг центры директор Александр Разумов. Мах æрдзырдтам Ирыстон æмæ Европæйы цæстæнгасы хицæндзинæдтæ æмæ иумæйагдзинадыл", — загъта Пухаты Радион.

© Радион ПухаевТымбыл фынг Брюсселы
Круглый стол в Брюсселе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тымбыл фынг Брюсселы

Уыцы бон ма Александр Разумов æмæ Пухаты Радион бакодтой аивадон равдыст. Мадзалы организатортæ базонгæ кодтой нывгæнджыты æрæмбырдуæвджытæн.

"Традицион куывд æртæ уæлибыхимæ загъта Бельгийы ирон диаспорæйы хистæр Бзаты Алик. Равдыстмӕ æрбацыд бирæ адæм, фæлæ мах фæнды, цæмæй нæ мадзæлтты активондæр хайад исой Хуссар æмæ Цæгат Иры къухдариуæгад. Ныртæккæ мах цæттæ кæнæм æмбæлон куырдиат республикӕты сӕргълӕуджытӕм", — загъта Пухаты Радион.

Культурæйы бонты хайадисджытæ ма уыдысты Уæлахизы боны цытæн концерты æмæ банысан кодтой Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон.

Ирон культурæйы бонтæ Европæйы уагъд цæуынц æхсæзæм хатт. Нывгæнджыты равдысттæ ма уагъд æрцæудзысты 23 майы Люксембургы, 27-28 майы Францы æмæ 1 июны та Берлины.

Ног хабӕртты лентӕ
0