ЦХИНВАЛ, 17 мая — Sputnik. Кæлæны уникалон фæрдыг цхинвайлæгтæн равдисдзысты æхсæнадæмон акци "Æхсæв музейы — 2016"-йы фæлгæтты, кæцы уагъд æрцæудзæн 17 майы æхсæвы Хуссар Ирыстоны Националон музейы, фехъусын кодта музейы директор Зассеты Мераб.
Цыкурайы фæрдыг Едысы зæппадзы къæхтыты рæстæджы ссардта историк-археолог Дзаттиаты Руслан æмæ йæ радта Хуссар Ирыстоны Националон музеймæ. Цымидисон историимæ артефакт хаст цæуы алайнаг периодмæ.
Цыкурайы фæрдыджы легендæ у ирон эпосы иууыл диссагдæр. Кадджыты фыст ис цалдæр истори фæрдыджы равзæрды тыххæй, афтæ ма цалдæр ритуалы, кæцытæ хъуамæ æххæст кæна фæрдыджы хицау.
Иу версимæ гæсгæ, цуаны ацæуыны размæ, авд æфсымæры бафæдзæхстой сæ хойæн, цæмæй хъахъхъæна артдзæсты зынг.
Ӕфсымæртæ ацыдысты, хо та æрбадт ардзæсты æмæ йæ хъус дардта артмæ, цæмæй ма ахуысса. Уæдмæ дуар чидæр ныххоста, чызг куы ракаст, уæд дуары фæстæ ничи разынд. Артдзæстмæ баздæхгæйæ арт баййæфта хуыстæй. Уый фæтарст æфсымæрты мæстæй æмæ нæ зыдта, цы сараза. Цавæрдæр рæстæджы фæстæ йæ хъустыл ауад сабийы куыд. Куы ракаст, уæд къæсæрыл федта дарæсы тыхт чысыл сабийы æмæ йæ бахаста хæдзармæ. Æмæ уæд бамбæрста, сывæллон куы нæ схъарм уа, уæд уазалы кæй амæлдзæн. Фырадæргæй чызг скуывта æмæ ракуырдта ахæм арт, кæцы нæ ахуыссдзæн нæ дæр митæй, нæдæр дыхдымгæйæ. Хойы раз æрбалæууыд зæлдаг дарæсы рæсугъд чызг. Уый уыд хуры чызг Ацырухс, йæ армы уыд æрттиваг фæрдыг. Зæд баппæрста фæрдыг артдзæсты æмæ дзы уайтагъд ссыгъд арт. Ацырухс фæтары, фæрдыг та баззад хо æмæ авд æфсымæры хæдзары.
Цыкурайы фæрдыджы равзæрд у таурæгъ, фæлæ ирæттæм цыкурайы фæрдыг нымад цæуы хæдзар хъахъхъæнæгыл, бæркад æмæ амондхæссæгыл.
Цыкурайы фæрдыгыл фыста ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста дæр.
"Уе 'хсæн цыфæнды хæлардзинад куы уа, уæддæр дæм нæ равдисдзæн амонд æмæ бæркаддæттæг дур — Цыкурайы фæрдыг, уый йын æфснайд у, кæйдæр загъдау, авд дуары фæстæ, цæмæй йæм æцæгæлон адæймаджы цæст ма бахæццæ уа, уый тыххæй. Хæдзарæн уый у йæ ахсджиаг хæзна æмæ йæ амонд, æмæ йæ хæдзары хицау йæхи бинонтæн дæр фенын кæны афæдз æрмæст иунæг хатт, табутæгæнгæ йæм кувинæгтимæ бацæуы, афтæмæй".
Цыкурайы фæрдыг хæдзары æвæрд уыд арф бынаты, æцæгæлоны цæст ыл куыд никуы аныдзæвдаид, ахæм ран, къоппы хуылфы, нæ йæ уыд бар тыхсын кæнын. Фæрдыджы миниуджытæ æмæ хуызмæ гæсгæ базонæн уыд бинонты хъысмæт. У тынг стæм æмæ, рагон таурæгътæм гæсгæ, бафты æрмæст "амондджын адæймаджы къухы". Фæрдыг феныны бар бинонтæн уыд æрмæстдæр Ног азы фыццаг бон, æртæ уæлибых æмæ скуывдимæ.