Музеймæ фуазæг ирон аивад æмæ культурæйы аргъгæнджыты бирæ нымæц. Музейы кусджытæ æмбæлдысты уазджытыл традицион ирон дарæсы ирон бæгæны æмæ æртæ уæлибыхимæ.
Изæры цытджын хай ацыд ирон фæндыры зæлтимæ этнографийы залы, цыран æвæрд ис ирон традицион хæдзары хуызæг. Уазджытæ æрбамбырд сты артдзæсты алыварс, хæдзары æфсин цхинвайлæгты размæ рахаста хæдзарон бæгæны, æртæ ирон уæлибыхы æмæ дзыкка (дзыкка цæттæ кодтой бынаты).
Афтæ ма уазджытæн уыд фадат фенын уникалон экспонат — Цыкурайы фæрдыг.