Ӕрдӕг ӕнусы куыстытӕн – Нафийы преми

© Sputnik / Фатима ПлитыНаниты Асиат - Нафийы премийы лауреат
Наниты Асиат - Нафийы премийы лауреат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Авторы равзаргӕ уацмыстӕ 2014 азы мыхуыр ӕрцыдсты иу чиныгӕй. Фӕстӕдӕр журнал "Фидиуӕг" ацы чиныг раразмӕ кодта Джуссойты Нафийы премимӕ. Гуырахстджын куыст, кӕцыйыл фыссӕг архайдта ӕрдӕг ӕнусы дӕргъы, къамисы уӕнгты зӕрдӕ балхӕдта ӕмӕ йын радтой премийы дыккаг бынат.

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕрдӕг ӕнусы куыстытӕ — уацаутӕ, радзырдтӕ, пьесӕтӕ ӕмӕ тӕлмӕцтӕ зынгӕ ирон литератор Наниты Асиатӕн ӕрхастой Джуссойты Нафийы номыл фыццаг премийы лауреаты кадджын ном.

Фыссӕг, публицист ӕмӕ культурӕйы сгуыхт кусӕг Наниты Асиат сфӕлдыстадон куыст райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уӕд. Йӕ фыццаг уацтӕ фӕзындысты бынӕттон газетты. Фӕстӕдӕр райдыдта фыссын аивадон уацмыстӕ дӕр. Ныртӕккӕ фылдӕр архайы прозӕ ӕмӕ публицистикӕйы.

Джусойты Нафийы номыл преми - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джусойты Нафийы премийы фыццаг лауреат ссис дзӕнӕттаг Джыккайты Шамил

Авторы уацмыстӕ 2014 азы мыхуыр ӕрцыдсты иу чиныгӕй. Фӕстӕдӕр журнал "Фидиуӕг" ацы чиныг раразмӕ кодта Джуссойты Нафийы премимӕ. Гуырахстджын куыст, кӕцыйыл фыссӕг архайдта ӕрдӕг ӕнусы дӕргъы, къамисы уӕнгты зӕрдӕ балхӕдта ӕмӕ йын снысан кодтой премийы дыккаг бынат. 

"Бузныг дӕн, уыйбӕрц аккаг куыстыты ‘хсӕн мӕ чиныджы кӕй рахицӕн кодтой. Нафи махӕн тынг кадджын гоймаг у, ӕмӕ йын йӕ номыл преми райсын ӕз дӕр мӕхицӕн нымайын стыр кадыл", — банысан кодта Наниты Асиат.

Чиныг рухсмӕ фӕзынд мыхуыр ӕмӕ информацийы паддзахадон комитеты рауагъдон нывӕзты фӕлгӕтты 2014 азы. Дих у цалдӕр хайыл — уацаутӕ, радзырдтӕ, иу стыр хай та бацахстой гуырдзиаг-ирон хӕсты дуджы адӕмы хъизӕмар цард ӕмӕ уӕззау хъысмӕтыл фыст уацмыстӕ. Стӕй ма дзы бакӕсӕн ис ӕндӕр ӕвзӕгтӕй тӕлмӕцтӕн дӕр.

"Ацы уацмыстӕ мын иууылдӕр зынаргъ сты. Фӕзӕгъынц, хъӕбул — хъӕбул у, никӕцыйы дзы фӕхицӕн кӕндзынӕ. Афтӕ уацмыстӕ дӕр. Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ мын дзы кӕцыдӕр радзырд хуыздӕр у, алкӕцы рӕнхъ дӕр мын дзы зынаргъ у. Ӕцӕг фыссӕг "фӕлвых" уацмыс нӕ радӕтты, иууылдӕр сӕ рауадзы йӕ удӕй", — радзырдта фыссӕг.

Наниты Асиат стыр бузныгӕй баззад къамисы уӕнгтӕй, фыццаг къӕпхӕны преми дзӕнӕттаг фыссӕг Джиккайты Шамилӕн кӕй схӕлар кодтой, стӕй ма грамотӕтӕй кӕй барӕвдыдтой ӕвзонг, ног фӕлтӕры фысджыты дӕр.

"Уый сӕ сразӕнгард кӕндзӕн куыстмӕ, аивады ног бӕрзӕндтӕм ӕмӕ Ирыстонӕн ноджы фылдӕр балӕггад кӕндзысты", — банысан кодта уый.

© Sputnik / Фатима ПлитыНаниты Асиаты чиныг
Наниты Асиат-Нафийы премийы лауреат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Наниты Асиаты чиныг

Асиат ацы ӕнтыстыл нӕ фӕнд кӕны ӕрлӕууын, нывӕнды ноджы бирӕ сфӕлдыстадон фӕндтӕ, уыдонӕй йын сӕйраг у йӕ фыццаг роман ныфыссын ӕмӕ йӕм ныридӕгӕн ӕвналгӕ дӕр ӕркодта.

"Мӕ роман уыдзӕн ныры дуджы цӕрӕг адӕймаджы хъысмӕтыл. Равзӕрстон ын ном дӕр — схондзынӕн ӕй "Зӕхх — нӕ дарӕг", — дзуры йӕ фӕндты тыххӕй премийы лауреат.

Фӕстаг рӕстӕджыты бирӕ ныхас цӕуы ирон фысджыты аргъӕуттӕ ӕмӕ уацмыстыл мультфильмтӕ ӕмӕ историон кинонывтӕ саразыныл. Наниты Асиаты уацмыстӕй дӕр иу киноиндустрийы минӕвӕрттӕм сывзӕрын кодта цымыдис.

"Гуырдзиаг-ирон хӕсты темӕйыл мын фыст ис уацмыс "Кӕуын зындӕр у". Уым дзырд цӕуы ӕцӕгӕй ӕрцӕугӕ хабӕрттыл. Мӕнмӕ бахатыдысты ацы радзырды бындурыл киноныв саразыны тыххӕй ӕмӕ йӕ ныр ивӕм уырыссаг ӕвзагмӕ, уый фӕстӕ та йын сараздзысты сценари. Стыр ныфс ӕвӕрын мӕхицӕн, мӕ куыст уӕрӕх экранмӕ кӕй рацӕудзӕн", — дзуры автор.

Ныртӕккӕ Наниты Асиат кусы журнал "Фидиуӕг"-ы прозӕйы хайады сӕйраг редакторӕй. Йӕ бирӕ сфӕлдыстадон куыстыты тыххӕй хорзӕхджын у Хӕлардзинады орденӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0