Хуссар Ирыстоны аварийы фæмард æхсæз уæрæсейаг офицеры, 16 та фесты цæфтæ

© Фото очевидцаАварийы бынат
Аварийы бынат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Трагедийы амæттæгты оперативон æгъдауæй фæхæццæ кодтой Цхинвалы медицинон уагдæттæм, цыран сын кæнынц æнæмæнгхъæуæг медицинон æххуыс.

ЦХИНВАЛ, 19 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны, хæххон фæндаг Цхинвал-Хъалцентӕйыл æфсæддон службæгæнджытимæ автобус фæндаджы былæй кæй ахауд, уый фæстиуæгæн фæмард сты æхсæз уæрæсейаг офицеры, 16 та фесты цæфтæ, фехъусын кодтой Sputnik УФ хъахъхъæнынады министрады пресс-службæйы.

Управленийы зонæнтæм гæсгæ, автомобилон колоннæйы сконды автобус фæцæйласта офицерты ахуырадон — методикон ахуыртæм.

"Фæндагон-транспортон цауы фæстиуæгæн фæмард æхсæз уæрæсейаг офицеры, 16 та фесты цæфтæ. Зианбаййафæг æфсæддон службæгæнджыты иууылдæр фæхæццæ кодтой Цхинвалы медицинон уагдæттæм, цыран сын кæнынц æнæмæнгхъæуæг медицинон æххуыс", — дзырдæуы хъусинаджы.

Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйы барамындмæ гæсгæ, аэродром Чкаловскийæ ратæхы Æфсæддон-транспортон авиацийы хæдтæхæг бæрзондквалификацион æфсæддон медикты дыууæ къордимæ, зианбаййафджытæн æххуыс бакæныны æмæ сæ Бурденко æмæ Вишневскийы номыл æфсæддон клиникон госпиталтæм фæхæццæ кæныны тыххæй.

"Цауы бынатæй докладмæ гæсгæ, аварийы аххосæг ссис машинæйæн кæй ахицæн йæ уромӕн системæ", — банысан кодтой ведомствӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0