ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik. Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы управленийы æмæ мидхъуыддæгты органты кусджытæ Мæздæджы районы раргом кодтой нефты æнæзаконон æфтиаджы факт, хъусын кæны ведомствӕйы пресс-службæ.
Оперативон — фæдагурæн мадзæлтты рæстæджы ссардæуыд æмбæхст ифтонггарз, кæцыйы фæрцы нефт амал кодтой официалон æгъдауæй консервацигондыл нымад фондз цъассæй. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, иу боны мидæг объектыл амал кодтой 10-15 тонны бæрц нефт.
Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æнæзаконон кондад архайдта дыууæ азмæ æввахс æмæ уый рæстæджы давд цыд электроэнерги.
Ныртæккæ уагъд цæуынц процессуалон скъуыддзаджы тыххæй æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ æрæмбырд кæныны фæдыл мадзæлттæ. Барадхъахъхъæнæн органты раз лæууы хæслæвæрд æнæзаконон бизнесы организаторты æмæ хицæутты сбæлвырд кæнын.