ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсмен Гасситы Сослан хайад райсдзӕн Европӕйы чемпионаты армспортӕй, фехъусын кодтой Sputnik фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕйы.
Гасситы Сослан у дунейы дыууӕ хатты чемпион ӕрыгӕтты ‘хсӕн, Европӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы фыццӕгӕдты цалдӕр хатты уӕлахиздзау.
"Чемпионат цӕудзӕн Румынийы 21-29 майы. Ирон ӕвзонг, фӕлӕ номдзыд спортсмен Гасситы Сослан тох кӕндзӕн Европӕйы чемпионы ном райсыныл", — банысан кодтой комитеты.
Сослан йӕ спортивон фӕндаг райдыта Цхинвалы, армспортӕй дунейы цалдӕр хатты чемпион Коцты Дмитрийы къухдариуӕгады бын. Ныридӕгӕн цӕттӕ кӕны Дзӕуджыхъӕуы тренер Болататы Владимирмӕ.