33 цардбӕллон уды. Хуссар Иры ссардтой Зары трагедийы амӕттӕгты нӕмттӕ

© Sputnik / Алексей КовалевЗары трагеди
Зары трагеди - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрдӕг сахаты дӕргъы адӕм ӕнӕкӕрон бардзтӕй дидинтӕ хастой цыртмӕ. Се ‘ввахс адӕм кӕмӕн бабын сты ацыран, уыдон 24 азы фӕстӕ дӕр сӕ цӕссыг нӕ урӕдтой.

ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Фыдохы митинг Зары фӕндагыл фӕмардуӕвджытӕн мемориалы цур райдыдта 12: 03 сахатыл — раст уыцы рӕстӕджы 24 азы размӕ 33 сабыр цæрæгӕн гуырдзиаг фыдгӕнджытӕ аскъуыдтой сӕ цард. Ӕрдӕг сахаты дӕргъы адӕм ӕнӕкӕрон бардзтӕй дидинтӕ хастой цыртмӕ.

Хуссар Ирыстоны 20 майы æрвылаз дæр нысан кæнынц Фыдохы ӕмӕ мысӕн бон. 1992 азы ацы "царды фӕндагыл" Цхинвалмӕ цы гуырдзиаг лӕгмартӕ тыдтой, уыдонӕй Цӕгат Ирмӕ лыгъдысты зӕронд адӕм, сылгоймӕгтӕ, сывӕллӕттӕ. Сӕ автоколоннӕйы раз бабадтысты гуырдзиаг гарзджын ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ сӕ ныццагътой. Ацы тугӕрхӕм трагедийы амӕттаг баисты 33 адӕймаджы, 12 та фесты уӕззау цӕфтӕ. Фӕмардуӕвджытӕй иууыл кӕстӕрыл цыд 11 азы, хистӕрыл та — 76.

Зары трагеди – фыдох æмæ масты 24 азы

Фыдохы мадзалмӕ Зары къуылдыммӕ ссыдысты сӕдӕгай адӕймӕгтӕ — республикӕйы къухдариуӕгад, скъоладзаутӕ ӕмӕ студенттӕ, кадеттӕ, трагедийы амӕттӕгты бинонтӕ ӕмӕ хиуӕттӕ.

Иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ ссардтой фӕмардуӕвджыты рухс нӕмттӕ.

Ӕрӕмбырдуӕвджыты раз раныхас кодта паддзахады сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид, уый банысан кодта, ирон адӕм ӕнустӕм кӕй хъуыды кӕндзысты Зары, Ереды, Цъинагары ӕбуалгъ трагедиты амӕттӕгты, афтӕ ма гуырдзиаг фыдгӕнджыты къухтӕй сӕ мӕлӕт чи ссардой, ӕппӕт уыцы адӕмы.

"Ныстуан аразын нӕ адӕммӕ — макуы нӕ хъуамӕ ферох уой ацы уӕззау трагедиты амӕттӕгты, хӕсты хъайтарты ӕмӕ уӕрӕсейаг хъӕбатыр ӕфсӕддонты рухс нӕмттӕ, кӕцытӕ зын рӕстӕджы нӕ фарсмӕ ӕрлӕууыдысты", — загъта президент.

Афтӕ ма митингы рӕстӕджы ссардтой, цыппӕрӕмы Хуссар Ирыстоны аварийы рӕстӕджы цы уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ бабын сты, уыдон рухс нӕмттӕ дӕр.

Иннӕ азтӕм абаргӕйӕ, Зары трагедийы бынатмӕ ацы аз ӕрӕмбырд ис бирӕ фылдӕр адӕм. Ӕрдӕг сахаты дӕргъы уыдон ӕнӕкӕрон бардзтӕй дидинтӕ хастой цыртмӕ. Трагедийы амӕттӕгтӕн цырты цур сӕвӕрдтой сӕ хуызистытӕ. Се ‘ввахс адӕм ацыран кӕмӕн бабын сты, уыдон 24 азы фӕстӕ дӕр сӕ цӕссыг нӕ урӕдтой.

© Sputnik / Алексей КовалевӔрдӕг сахаты дӕргъы адӕм ӕнӕкӕрон бардзтӕй дидинтӕ хастой цыртмӕ
Зарская трагедия - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрдӕг сахаты дӕргъы адӕм ӕнӕкӕрон бардзтӕй дидинтӕ хастой цыртмӕ

Зианбаййӕфӕг бинонты номӕй раныхас кодта республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина, уымӕн йӕ ныййарӕг мад уыд, 1992 азы хӕсты зынгӕй Цӕгатмӕ цы автобус тырныдта, уым.

"Абон ӕрмӕст мах, зианбаййӕфӕг бинонты трагедийы бон нӕу, фӕлӕ ӕппӕт Ирыстоны фыдохы бон", — банысан кодта Коцты Марина.

Фыдохы митингы кӕрон арвмӕ суагътой 33 судзгӕ цырагъы, Алайнаг епархийы динамонджытӕ та ауагътой Хуыцаумӕскуывд трагедийы амӕттӕгты номыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0