Ӕрдӕг сахаты дӕргъы адӕм ӕнӕкӕрон бардзтӕй дидинтӕ хастой цыртмӕ

Рафыссын
Фыдохы митинг Зары фӕндагыл фӕмардуӕвджытӕн мемориалы цур райдыдта 12: 03 сахатыл – раст уыцы рӕстӕджы 24 азы размӕ 33 сабыр цæрæгӕн гуырдзиаг фыдгӕнджытӕ аскъуыдтой сӕ цард.

Фыдохы мадзалмӕ Зары къуылдыммӕ ссыдысты сӕдӕгай адӕймӕгтӕ — республикӕйы къухдариуӕгад, скъоладзаутӕ ӕмӕ студенттӕ, кадеттӕ, трагедийы амӕттӕгты бинонтӕ ӕмӕ хиуӕттӕ.

Ӕрӕмбырдуӕвджыты раз раныхас кодта паддзахады сӕргълӕууӕг Тыбылты Леонид, уый банысан кодта, ирон адӕм ӕнустӕм кӕй хъуыды кӕндзысты Зары, Ереды, Цъинагары ӕвирхъау трагедиты амӕттӕгты, афтӕ ма гуырдзиаг фыдгӕнджыты къухтӕй сӕ мӕлӕт чи ссардой, ӕппӕт уыцы адӕмы.

Ног хабӕртты лентӕ
0