Аварийы бабынуӕвӕг уӕрӕсейаг офицертӕн Хуссар Иры сӕвӕрдзысты цырт

© Фото очевидцаАвари Хуссар Ирыстоны
Авари Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕмардуӕвӕр уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ канд сӕ райгуырӕн бӕстӕйы раз не ‘ххӕст кодтой сӕ хӕс, фӕлӕ ма хъахъхъӕдтой Хуссар Иры сабырдзинад, банысан кодта Тыбылыты Леонид.

ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik. Хæххон фæндаг Цхинвал-Хъалцентӕйыл аварийы рӕстӕджы цы ӕхсæз уæрæсейаг офицеры фæмард, уыдонӕн Хуссар Иры сараздзысты цырт, загъта президент Тыбылты Леонид Зары фыдохы митингы рӕстӕджы.

Цыппӕрӕмы Цхинвалӕй Ленингормӕ цӕуӕг автобус ахаудта дӕлбыл, аварийы бабын ис 6 ӕфсӕддоны, 16 та фесты уӕззау цæфтæ.

"Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ канд сӕ райгуырӕн бӕстӕйы раз не ‘ххӕст кодтой сӕ хӕс, фӕлӕ ма хъахъхъӕдтой Хуссар Иры сабырдзинад. Ӕмӕ мах ӕнӕмӕнг дӕр бакусдзыстӕм, цӕмӕй ацы ӕфсӕддонты ном сӕнусон кӕнӕм ӕмӕ сын сӕвӕрӕн цырт", — загъта президент.

Уый ма ӕрӕцӕугӕ аварийы фӕдыл тӕфӕрфӕс УФ ӕххӕстбарджын минӕвар Карджиаты Эльбрусӕн.

Раздӕр бӕстӕйы сӕргълӕууӕг бахӕс кодта мидхъуыддӕгты министр Лӕууойты Ӕхсарӕн, цӕмӕй Паддзахадон автоинспекциимӕ ӕмӕ фӕндагон арӕзтады комитетимӕ иумӕ басгарой, авари цы бынаты ӕрцыд, фӕндаджы уыцы фадыг ӕмӕ райсой ӕппӕт мадзӕлттӕ, цӕмӕй фидӕны ахӕм ӕвирхъау цаутӕ мауал ӕрцӕуой ацы фӕндагыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0