СК сног кодта уголовон хъуыддаг ФК "Алания"-йы 109 милуан сом адавыны фæдыл

© Sputnik / Сергей Карпов /  Ахизын медиабанкмæДзæуджыхъæу
Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны слестгæнджытæ бакодтой уголовон хъуыддаг дзæуджыхъæуккаг футболон клуб "Алания"-йы раздæры директор Александр Стельмахы ныхмæ 109 милуан сом адавыны фæдыл.

ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik. Цæгат Ирыстоны слестгæнджытæ сæндидзын кодтой уголовон хъуыддаг дзæуджыхъæуккаг футболон клуб "Алания"-йы раздæры директор Александр Стельмахы ныхмæ 109 милуан сом адавыны фæдыл, фехъусын кодта РИА Новости Цæгат Ирыстоны слестгæнæн комитеты минæвæрттæ.

Алания-йы футболисттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
ФК "Алания"-йы гендиректоры аххосджын кæнынц хъалонтæ фидынæй хи аууон кæныны

"Уголовон хъуыддаг баконд æрцыд 2014 азы сентябры "егъау бæрц паддзахадон мулк адавыны тыххæй", хъуыддаг сæндидзын кодтой ног æууæлты фæдыл, кæцытæ басгæрст æрцæудзысты фæдагуырды фæлгæтты, цæмæй бæлвырд æрцæуа æххæст æмæ объектовон информаци", — загъта агентады дзырдæмбал.

Раздæры информацимæ гæсгæ, ацы февралы слестгæнджытæ æрлæууын кодтой Стельмахы ныхмæ уголовон хъуыддаг фыдракæнды сконд нæуæвыны аххосагæй.

2014 азы февралы "Алания" фехъусын кодта Футболон националон лигæйæн, йæхи кæй исы 2013/14 сезоны фыццагадæй финансон проблемæты тыххæй. "Алания" —йы цæстдарæн совет аскъуыддзаг кодта клубы ликвидацийы процедурæ райдайын. 2014 азы клуб йæ куыст сæндидзын кодта æмæ ныртæккæ хъазы Уæрæсейы чемпионаты дыккаг дивизионы, зонæ "Юг"-ы.

Ног хабӕртты лентӕ
0