ОБСЕ-йы минæвар: Гуырдзыстон баххуыс кæндзӕн æбæрæгæй сæфт РХИ æмбæстæгты агурынӕн

© Sputnik / FacebookГюнтер Бехлер, ОБСЕ-йы минæвар
Гюнтер Бехлер, ОБСЕ-йы минæвар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гюнтер Бехлеры ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад цæттæ у хуссарирыстойнаг æбæрæгæй фесæфæг æмбæстæгты агурынæн æххуыс кæнын æмæ уый тыххæй алы мадзал дæр райсын.

ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik. Æбæрæгæй фесæфджыты агурыны фæдыл хæдбар эксперты куыст ратдзæн фадат Хуссар Ирыстоны æбæрæгæй фесæфæг æмбæстæгты хъысмæт сбæлвырд кæнынӕн, загъта ОБСЕ-йæ Женеваг дискусситы æмсæрдар Гюнтер Бехлер.

Уголовон фæдагуырды фæдыл хæдбар эксперт Душан Игньятовичæн ОБСЕ ивгъуыд азы кæрон бахæс кодта, 2008 азы Хуссар Ирыстоны æбæстæгтæй чи фесæфт, уыдон хъысмæт сбæлвырд кæнын. Ацы аз марты эксперт æрбавдыста йæ рекомендацитæ.

Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
ОБСЕ эксперты доклад равдыста, Гуырдзыстон кæй у аххосджын РХИ æмбæстæгты фесæфты

Хуссар Ирыстоны хицауад нымайы, зӕгъгӕ, Игньятовичы рекомендацитæ æмæ хатдзæгтæ бæлвырд кæнынц, Гуырдзыстоны полици кæй у аххосджын хуссарирыстойнаг æмбæстæгты фесæфыны хъуыддаджы.

"Мах æппæт дæр аразæм, цæмæй ацы адæмы хъысмæт сбæлвырд уа. Эксперт æмæ йæ доклады фæрцы махæн фадат ис нæ куыст адарддæр кæнын æмæ ацы здæхты саразын конкретон къахдзæфтæ", — загъта Бехлер.

Æхсæнадæмон æхсæнылæджы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны къухдариуæгад, уый нымæцы прокуратурæ æмæ хицауад, ацы хъуыддаджы кæй хъуамæ аразой æппæт дæр.

"Ныридæгæн нæм ис фылдæр информаци, ацы хъуыддаджы хайад чи ста, уыцы адæмы тыххæй æмæ уыдон æрцæудзысты æрфарст", — загъта Бехлер.

Фæсконфликтон уавæр æрнывыл кæныны фæдыл президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт равдыста ныфс, эксперты куыст æмæ æхсæнадæмон организациты æххуысæн кæй уыдзæн фæстиуджытæ æмæ "æввахс рæстæджы нæ къухты кæй бафтдзысты бæлвырд зонæнтæ не ‘мбæстæгты хъысмæты тыххæй, кæцытæ нæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ уыдысты гуырдзыстоны хицауады къухты".

"Гуырдзыстон хъуамæ хæсса бæрндзинад ацы адæмы хъысмæты тыххæй", — банысан кодта Джиоты Мурæт.

Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй ӕбӕрӕгӕй чи фесæфт, уыдон хъысмæты тыххæй исты бӕрӕггӕнӕнтӕ базоныны фӕдыл куыст райдыдта 2010 азы. Эксперттæ уæд куыд рабæрæг кодтой, афтӕмӕй æртæ хуссарирыстойнаг æмбæстаджы — Хуыгаты Алан, Хацырты Алан æмæ Плиты Солтан — 2008 азы адавды фæстæ цавæрдæр рæстæг уыдысты гуырдзиаг тыхон структурæты къухты, фæлæ сæ дарддæры хъысмæт у æбæрæг.

Ныртæккæ æбæрæгæй сæфтыл нымад сты республикæйы æмбæстæгтæй сæдæйæ фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0