Баулӕфӕм… бырондоны

© Sputnik / Алексей КовалевЛеуахийы былгӕрон
Леуахийы былгӕрон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъарм боныгъӕдтӕ "сурынц" адӕмы ӕрдзы хъӕбысмӕ, сӕ фӕстӕ бафснайыны мӕт та ӕркӕнынц стӕмтӕ - ӕрдз ахӕм улӕфджыты фӕстӕ свӕййы бырондоны хуызӕн. Ацы аз проблемӕ аскъуыддзаг кӕнынмӕ ӕрбамбал уыдзысты фадыгон инспектортӕ, фӕткхалджытӕ та ивар цӕудзысты 20 мин сомы онг.

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзӕгъиаты Земфира йӕ улӕфт рӕстӕг сфӕнд кодта йӕ райгуырӕн бӕстӕйы арвитын, дард Петербургӕй йӕ йӕ къах скъӕфта Ирыстоны алӕмӕттаг ӕрдз ӕмӕ сыгъдӕг уӕлдӕфмӕ, хиуӕтты цурмӕ. Ӕрцыд, фӕлӕ куыд ӕнхъӕл уыд, афтӕ рӕсугъд ӕмӕ сыгъдӕгӕй нӕ ‘рыййӕфта йӕ райгуырӕн къуым — донбылгӕрӕтты, улӕфӕн бынӕтты, суанг ма кувӕндӕтты цурты дӕр адӕм ныууадзынц сӕ быроны фӕд.

"Цалдӕр аз нал уыдтӕн Цхинвалы, тынг ӕрымысыдтӕн мӕ хӕстӕджыты, ирон ныхас, нӕ рӕсугъд ӕрдз. Куыддӕр куыстӕй мӕ отпуск райстон, афтӕ рацыдтӕн. Ӕндӕрӕбон сфӕнд кодтам ӕрдзы хъӕбысмӕ ацӕуын, хъӕлдзӕг рӕстӕг арвитын. Ацыдыстӕм Дзауы районы Чъимасмӕ ӕмӕ мӕ дисӕн кӕрон дӕр нал уыд — алыран быроны обаутӕ, змӕст. Куыд кӕсын, афтӕмӕй йӕ фӕстӕ ӕфснайыны ӕфсӕрм бынтондӕр никӕй ис. Нӕ адӕмӕй уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн", — радзырдта Sputnik Земфира.

© Sputnik / Алексей КовалевЛеуахийы донбылгӕрӕтты
Мусор в городе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Леуахийы донбылгӕрӕтты

Кӕд "бадыны сезон" ӕххӕстбӕрцӕй гом нӕма ӕрцыд, уӕддӕр хъарм боныгъӕдтӕ "сурынц" адӕмы ӕрдзы хъӕбысмӕ. Ӕнуд кабинеттӕ ӕмӕ горӕты тыхстызмæлдӕй адӕм сӕхи ӕппарынц хъӕутӕм, донбылгӕрӕттӕм ӕмӕ ӕрдзы хъӕбысмӕ. Ахӕм балцыты фӕстӕ стӕмтӕ ӕркӕнынц сӕ фӕстӕ бафснайыны мӕт, сӕ фӕстӕ ныууадзынц быроны кӕритӕ. 

"Кӕм ӕрбынат кодтам, уым бафснайдтам кӕйдӕр фӕстӕ, уӕдӕ цы бакодтаиккам. Хорз баулӕфыдыстӕм, нӕ фӕстӕ иу бырон дӕр нӕ ныууагътам, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы ӕмӕ нӕ фӕндаг ракодтам суадоныл, фӕндыд нӕ горӕтмӕ немӕ дон раласын. Ӕмӕ та уым дӕр баййӕфтам ахӕм ныв — быроны обаутӕ, афтид ӕвгтӕ, пластикон мигӕнӕнтӕ. Мӕхицӕн мӕ цӕсгом ссыгъд", — дзуры сылгоймаг йӕ ӕппӕрццаг тӕлмӕнтӕ.

Фӕсивӕдон организацитӕ ӕмӕ бархион къордтӕ дӕр нал тых кӕнынц Ирыстоны фенддаг бынӕттӕ ӕфснайыныл. Куырыхон адӕмы сидтытӕ дӕр ӕмбӕлон фӕстиуджытӕм нӕ кӕнынц. Уӕлдай бӕрӕгӕй уавӕр зыны Цхинвалы ӕмӕ Дзауы районты. Иуӕй ацы районтӕ горӕтмӕ сты хӕстӕг, аннӕмӕй дзы ис бирӕ рӕсугъд бынӕттӕ ӕмӕ улӕфджыты ‘хсӕн сты уӕлдай "популярондӕр".

© RIA Novosti . Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæФӕсивӕдон организацитӕ ӕмӕ бархион къордтӕ дӕр нал тых кӕнын Ирыстоны фенддаг бынӕттӕ ӕфснайыныл
Большая часть населения Цхинвала вышла на общегородской субботник - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фӕсивӕдон организацитӕ ӕмӕ бархион къордтӕ дӕр нал тых кӕнын Ирыстоны фенддаг бынӕттӕ ӕфснайыныл

Дзауы администрацийы пресс-службӕйы куыд радзырдтой Sputnik, афтӕмӕй нырӕй фӕстӕмӕ ӕрдзы сыгъдӕгдзинадмӕ сӕ хъус дардзысты фадыгон инспектортӕ.

"Иууыл фылдӕр адӕм сӕрды ӕрӕмбырд вӕййы Чъимасы цӕугӕдоны былтыл. Ам сын сӕрды сараздзыстӕм улӕфӕн бынӕттӕ, цӕугӕдоны скъахдзыстӕм хуыдымтӕ, донбылтыл ныккалдзыстӕм змис, сывӕрдзыстӕм бырондӕттӕ дӕр, сараздзыстӕм бадӕн бынӕттӕ ӕмӕ аууондарӕнтӕ. Фӕлӕ адӕмӕн сӕхицӕй дӕр ӕрдомдзыстӕм ӕгъдау", — радзырдта Дзауы районы администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана.

Уый ма банысан кодта, къуыри цалдӕр хатт фадыгон инспектортӕ кӕй бӕрӕг кӕндзысты ахӕм бынӕттӕ ӕмӕ сӕ хъус дардзысты уавӕрмӕ.

"Улӕфджытӕй дӕр ӕмӕ цӕрджытӕй дӕр сӕ бырон ӕнӕмбӕлон бынаты чи акала, сӕ фӕстӕ чи нӕ бафснайа, уыдон иууылдӕр цӕудзысты ивар", — ныфс бавӕрдта пресс-секретарь.

Хуыздӕр уавӕры нӕй, Цхинвалы ныгуылӕнварс цы Тулдзы къох ис, уый дӕр. Къох у фӕсивӕды уарзондӕр бынӕттӕй сӕ иу, ардӕм ӕввахсӕй-ӕввахсмӕ ссӕуынц рӕстӕг ӕрвитынмӕ. Сӕ фӕстӕ та ныууадзынц бӕгӕныйы ӕвгтӕ, чъизи мигӕнӕнтӕ ӕмӕ ӕндӕр бырон.

© Sputnik / Алексей КовалевТулдзы къох
Мусор в городе - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тулдзы къох

Улӕфджыты ‘хсӕн дыккаг бынат та ахсы Цхинвалы район. Сӕрды ӕрбалӕудимӕ адӕм ныггуылф кӕнынц Дменисы донбылгӕрӕттӕм, Зонкъармӕ, Къостайы хъӕуы цадмӕ ӕмӕ районы ӕндӕр хъӕутӕм. Ардӕм суанг фӕззӕджы уазӕлтты онг цӕуджыты нымӕц нӕ нымӕг кӕны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдонӕн дӕр сӕ фылдӕр сӕхи цӕсгомджынӕй нӕ равдисынц.

Район Цхинвалмӕ ӕввахс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ма ардӕм горӕтӕй фӕласынц сӕ арӕзтадон бырон дӕр. Администрацийы сӕрдар Плиты Алан сиды адӕммӕ ӕмбарындзинадмӕ, стӕй ма фӕдзӕхсы, фӕткхалджыты ныхмӕ ист кӕй цӕудзысты карз мадзӕлттӕ.

"Ӕнӕмбӕлон бынӕтты арӕзтадон бырон чи калы, уыдон ивар кӕнӕм 20 мин сомы онг. Адӕммӕ сӕхимӕ дӕр сидӕм сӕ фӕстӕ ӕфснайынмӕ, уый тыххӕй бакӕндзыстӕм уӕлӕмхасӕй фӕдзӕхсӕн фыстытӕ", — загъта Плиты Алан.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, улӕфджытӕй алчи иугъуызон нӕу, ис дзы цӕсгомджынтӕ, кӕцыты бахъӕуы сӕхи фӕстӕ дӕр ӕмӕ сӕ разӕй уыцы бынаты чи бадт, уыдон фӕстӕ дӕр бафснайын, стӕй ма ноджы ӕрцӕуӕггаг адӕмы раз искӕй ӕнӕхсӕстдзинады тыххӕй сырх кӕнын дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0