Фӕсивӕдон форум "Ног фӕлтӕр" йӕ куыст райдыдта Дыгургомы

© Sputnik / Плиты ФатимаФӕсивӕдон форум "Ног фӕлтӕр"
Фӕсивӕдон форум Ног фӕлтӕр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Форум официалон ӕгъдауӕй конд ӕрцыд дыццӕджы. Нывӕзтмӕ гӕсгӕ фӕссихорты ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Ирыстоны дыууӕ хайы сӕргълӕуджытӕ Тыбылты Леонид ӕмӕ Битарты Вячеславмӕ.

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Дыгуры районы йӕ куыст райдыдта фыццаг ӕппӕтирон фӕсивӕдон форум "Ног фӕлтӕр", кӕцы ӕрӕмбырд кодта ирон фӕсивӕды дунейы алы къуымтӕй.

Мадзалы Хуссар Ирӕй хайад исынц 42 адӕймаджы, се ‘хсӕн ӕрыгон амалиуӕггӕнджытӕ, журналисттӕ, активисттӕ ӕмӕ студенттӕ.

Форум официалон ӕгъдауӕй конд ӕрцыд дыццӕджы. Нывӕзтмӕ гӕсгӕ фӕссихорты ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Ирыстоны цӕгат хайы сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславмӕ.

Раздӕр уал Тыбылты Леонид мадзалы хайадисджытæм арвыста арфæйы ныхӕстӕ. Президент банысан кодта, зӕгъгӕ, форумы куысты программæ бæлвырд кæны, ахæм мадзæлттæ æнæмæнгхъæуæг кæй сты.

"Уæлдай нысаниуæг та уымæн ис æмæ Цæгат Иры фæсивæд кæй ссис Уæрæсейы Федерацийы гранты хицау. Зæрдиаг арфæ кæнын мæ кæстæр цæгатирыстойнаг хотæ æмæ æфсымæртæн ацы æнтысты тыххæй. Фидарæй мæ уырны, форумы хайадистæй уæ алчидæр кæй фæхъыздæр кæндзæн йæ зонæнтæ æмæ практикон фæлтæрддзинад", — дзырдӕуы президенты арфӕйы фыстӕджы.

Тыбылты Леонид бафиппайдта, форумы хайадисджытæй бирæтæ кæй никуы уыдысты Хуссар Иры æмæ сæ æрхуыдта республикæмæ.

"Кæй зæгъын æй хъæуы, форумы фæзуæттыл сымах базонгæ уыдзысты æмæ схæлар уыдзыстут уæ хуссарирыстойнаг æмбæйттимæ. Уавæрæй пайдагæнгæйæ алкæй дæр хонын нæ бæстæимæ базонгæ кæнынмæ. Ныфс мæ ис, РХИ фæсивæды фæдыл комитеты къухдариуæгад сæ цæгатирыстойнаг коллегæтимæ кæй æрдзурдзысты дарддæры æмгуыстады перспективæтыл", — загъта уый.

Форумы куыст цӕуы фондз хицӕн секцийы — информацион тыгъдад, аивад ӕмӕ сфӕлдыстад, бархондзинад, амалиуӕгад ӕмӕ ӕмбӕстагон хъӕппӕрис.

Æрвылбон дӕр фӕсивӕдӕн ахуырадон ӕмӕ хиирхӕфсӕн программӕйӕ дарддӕр арӕзт цӕудзысты цымыдисон фембӕлдтӕ Ирыстоны зындгонд гоймӕгтимӕ. Ныридӕгӕн уал форумы хайадисджытӕм фӕуазӕг Цӕгат Ирыстоны парламенты сӕрдары хӕдивӕг Хъесаты Станислав.

Цӕгат Ирыстоны фӕсивӕдон организаци "Ног фӕлтӕр" 2015 азы декабры рамбылдта Уӕрӕсейы президенты грант республикӕйы фыццаг фӕсивӕдон форум ауадзыны фӕдыл. Мадзал цӕудзӕн 30 маймӕ, архайы дзы 18-30 азы кары фӕсивӕд — ирон диаспорӕты минӕвӕрттӕ Турк, Петербург, Мӕскуы, Самара, Хъырым, Донецк ӕмӕ Луганскы адӕмон республикӕтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0