ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik. "Фæстаг дзæнгæрæгты" æдасдзинад хъахъхъæнынц мидхъуыддæгты министрады кусджытæй 300 фылдæр, фехъусын кодтой Sputnik ведомствӕйы пресс-службæйы.
"Организацион-профилактикон мадзæлтты комплексон нывæзтмæ гæсгæ, басгæрст æрцыдысты бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд кæм цæудзысты, уыцы бынæттæ. Мадзæлтты рæстæджы æдасдзинад хъахъхъæнындзысты мидхъуыддæгты министрады кусджытæй 300 фылдæр", — загътой пресс-службæйы.
Уымæй дарддæр ма Хуссар Ирыстоны милици рауагъдон боны уæлдай хъусдард аздахдзæн фæндагон змæлды æдасдзинадмæ, 25 майы Цхинвал æмæ республикæйы фæндæгтыл фæфылдæр уыдзæн инспекторты нымæц. Скъолаты рауагъдонтимæ ауагътой профилактикон ныхас.