Гуырдзыстоны хицауад фæнд кæны Хуссар Ирыстонимæ арæныл митинг ауадзын

© Sputnik / Диана КозаеваГуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пункт
Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пункт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикæйы барадхъахъхъæнæн органты куыд загътой, афтæмæй Гуырдзыстоны къухдариуæгад ногæй цæттæ кæны митингтæ Хуссар Ирыстонимæ арæныл.

ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik. Хуссар Ирыстон цыппæрæмы æрæхгæндзæн Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пункт Ленингоры районы, фехъусын кодтой Sputnik ПÆК-ы пресс-службæйы.

Раздæр ПÆК-ы фехъусын кодтой, Гуырдзыстонимæ арæн кæй уыдзæн æхгæд, 25 майы скъолаты рауагъдон мадзæлттæ уадзыны рæстæджы æдасдзинад бахъахъхъæныны нысанæн.

"Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн паддзахадон арæны фадыгыл Ленингоры районы оперативон уавæр фæкарздæр кæныны разæууæлтæ кæй ис, уый тыххæй цыппæрæмы, 26 майы уадзæн пункт "Раздӕхӕн" (Мосабрун) уыдзæн æхгæд", — загъта пресс-службæйы минæвар.

Уадзæн пункт æрвылбонон режимы скусдзæн майрæмбоны.

Республикæйы барадхъахъхъæнæн органты Sputnik куыд загътой, афтæмæй ацы бон Гуырдзыстоны къухдариуæгад фæнд кæны протесты митинг саразын уадзæн пункты цур.

Ног хабӕртты лентӕ
0