Саакашвили цæттæ у Гуырдзыстонмæ æрæздæхынмӕ

© Sputnik / Павел Паламарчук /  Ахизын медиабанкмæМ.Саакашвили
М.Саакашвили - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гуырдзыстоны экс-президент Михаил Саакашвили фехъусын кодта, цæттæ кæй у Гуырдзыстонмæ æрæздæхын æмæ йæ политикон царды активон хайад исынмӕ.

ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik. Михаил Саакашвили фехъусын кодта, цæттæ кæй у Гуырдзыстонмæ æрæздæхын æмæ йæ территорийыл политикон царды активон хайад исынмӕ, хъусын кæны портал "Грузия-Online".

Йæ нывæзтытæ Гуырдзыстоны экс-президент, ныр та Украинæйы Одессæйы областы губернатор, фехъусын кодта телекомпани "Рустави"-йы эфиры æмæ æрсидт, цæмæй йын йæ ныхæстæ ма банымайой æртхъирæныл.

"Мачи дызæрдыг кæнæт æмæ мæ ныхæстæ æртхъирæнтыл мачи нымайæд, æз цæттæ дæн Гуырдзыстонмæ æрæздæхын æмæ йæ процессты активон хайад исынмӕ", — фехъусын кодта уый.

Саакашвили Гуырдзыстоны президент уыд 2013 азы ноябры онг. Йæ бынатæй йæхи ссæрибар кæныны фæстæ ацыд бæстæйæ. Фæстæдæр ыл йæ райгуырæн бæстæйы баконд æрцыд цалдæр уголовон хъуыддаджы æмæ йæ радтой æхсæнадæмон фæдагуырдмæ.

2015 азы декабры Саакашвилийæн, кæцы уæдмæ ахста Одессæйы областы губернаторы бынат, байстой йæ гуырдзыстойнаг æмбæстагад.

Ног хабӕртты лентӕ
0