Цхинвалы бакодтой цырт фыццаг ирон автор Ӕгъуызаты Иуанейӕн

© Sputnik / Наталья БосиковаЦхинвалы бакодтой цырт фыццаг ирон автор Ӕгъуызаты Иуанейӕн
Цхинвалы бакодтой цырт фыццаг ирон автор Ӕгъуызаты Иуанейӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мадзалмæ æрбацыдысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æхсæнадон æмæ политикон архайджытæ, кæцыты хъæппæрисæй æвæрд æрцыд ацы цырт.

ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik. Фыццаг ирон автор ӕмӕ динамонӕг, рухстауæг Гæбæраты (Æгъуызаты) Иуанейæн Цхинвалы æртыццæджы бакодтой цырт.

Цытджын мадзалмæ æрбамбырд сты Ирыстоны фысджыты цæдисы уæнгтæ, культурæйы, æхсæнадон æмæ политикон архайджытæ, хицауады минӕвӕрттӕ, парламенты депутаттæ æмæ Гæбæраты мыггаджы минæвæрттæ, кæцыты хъæппæрисæй скъуыддзаг æрцыд фыссæгæн цырт сæвæрын.

Мадзалмæ Цæгат Ирыстонæй æрцыдысты РЦИ-Аланийы парламенты депутат Гæбæраты Юрий ӕмӕ ЦИПУ-ы ирон филологийы факультеты декан Хозиты Борис.

Мадзалы цытджын хай байгом кодта Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон, кæцы бузныджы ныхæстæ загъта ацы хъуыддаг райдайджытæн æмæ мадзалы организатортæн.

"Абоны мадзал у нысаниуæгджын цау æппæт ирон адæмы царды. Фæнды мæ зæгъын бузныг ӕппӕт уыцы адӕмӕн, кӕцытӕ райстой хайад абоны мадзал бацæттæ кæныны хъуыддаджы. Иуане бахаста стыр хайбавæрд Ирыстоны культурæмæ æмæ йын мах хъуамæ кад кæнæм йæ номæн", — загъта Хъазиты Мелитон.

Гæбæраты (Æгъуызаты) Иуане ма уыд миссионер æмæ динамонæг. Уый ирон æвзагмæ ратæлмац кодта динон литературæ, афтæ ма уагъта службæтæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны аргъуанты.

Цырты эскизыл куыста зындгонд ирон нывгæнæг Плиты Владимир. Мадзалы организатор уыд РХИ культурæйы министрад.

Ног хабӕртты лентӕ
0