ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Фирдавсийы номыл Таджикистаны Националон библиотекæйы уагъд æрцыд Ирон æвзаг, литературæйы æмæ ирон традицион культурæйы бон, хъусын кæны ИА Regnum.
Библиотекæйы директор Шариф Тошевы ныхæстæм гæсгæ, ирон æхсæнад "Ирыстон"-имæ ацы мадзæлттæ библиотекæйы ссисты традицион.
"Таджикистан æмæ Цæгат Ирыстоны (Аланийы) адæм баст сты рагон историкон æмæ культурон тæгтæй, кæцыты арф уидæгтæ сты ивгъуыд заманæй. Ирон æвзаг хауы индоевропæйаг ӕвзӕгты ирайнаг къордмæ, кæцытæм хауы таджикаг æвзаг дæр. Скæсæн-ирайнаг къорды ма ирон æвзагмæ ‘ввахс сты ягнобаг æмæ пушту", — банысан кодта Тошев.
Ирон æхсæнад "Ирыстон"-ы сæргълæууæг Гуссауты Зарифæ загъта бузныг ахæм мадзæлтты тыххæй æмæ банысан кодта националон æвзаг бахъахъхъæныны нысаниуæг фæсарæнты.
"Ацы мадзалы нысан у мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын, уымæн æмæ йын тас у фесæфынæй, мадæлон æвзаг уарзын æмæ йын кад кæнын. Хистæр кары адæмæн фадат раттын райгуырæн бæстæмæ бауайын, ирон æвзагыл зарджытæ æмæ æмдзæвгæтæм байхъусын", — загъта ирон æхсæнады сæргълæууæг.
Мадзалы фæлгæтты ирон æхсæнад "Ирыстон" сорганизаци кодта чингуыты равдыст, цардуагон дзауматæ æмæ ирон адæмы националон дарæс.
Ирон диаспорæ "Ирыстон" арæзт æрцыд 2006 азы 4 августы. Организаци "Ирыстон" активон куыст кæны ирон этнокультурæ æмæ Таджикистаны цæрæг уæрæсейаг æмзæххонтимæ бастдзинæдтæ бахъахъхъæныны фæдыл.