Тыджыты Георгий тох кæны ХПÆ æмæ Славяйнаг бæстæты чемпионы номыл

© Sputnik / FacebookТыджыты Георгий
Тыджыты Георгий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Радон тох ирон боксер Тыджыты Георгий ауаддзæн Краснодары, йæ ныхмæлæууæг уыдзæн фæлтæрд спортсмен Харьковæй Алексей Штеплюк.

ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Ирон боксер-профессионал Тыджыты Георгий ауаддзæн æртыккаг титулон тох йæ карьерæйы Хæдбар паддзахæдты æмбалад (ХПÆ) æмæ Славяйнаг бæстæты чемпионы номы тыххӕй журнал "ПРО БОКС"-ы версимæ гæсгæ, хъусын кæны Sputnik.

Тыджыты Георгийы ныхмæлæууæг уыдзæн фæлтæрд боксер Алексей Штеплюк Харьковæй. Тох уагъд цæудзæн 27 майы Краснодары, Уæрæсейы Хуссар æмæ Цæгат-Кавказаг зылдты прфессионалон боксы федерацийы 20 азы юбилейы фæлгæтты.

Георгийы ныхæстæм гæсгæ, бакондæуыд стыр куыст æмæ уый ныр цæттæ у 8-раундон ныхмæлæудмæ.

"Мӕ ныхмæлæууæг у серьезон, уымæ гæсгæ мæ моралон цæттæдзинад дæр афтæ у. Цæттæ дæн аст раунды дæр бокс кæнынмӕ, уæлахихдзау суæвын æмæ ацы титул Ирыстонмæ æрласынмӕ", — банысан кодта Георгий.

Ирон боксер хицæнæй бузныг загъта йæ тренертæ Джиоты Хъазбег æмæ Михаил Веснинскийæн, кæцытæ куыстой йемæ æмæ йæ цæттæ кодтой ныхмæлæудмæ.

Тыджыты Георгийы профессионалон боксмæ æрбацыд 23-аздзыдæй. Радон тох боксеры карьерæйы суыдзæн æртыккаг, раздæры дыууæйы дæр Георгийы къухты бафтыд уæлахиз.

Ног хабӕртты лентӕ
0