Референдум хаст æрцыд 2017 азмæ

© Sputnik / Ада БагианРХИ хицауады агъуыст
РХИ хицауады агъуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РХИ æмæ парламенты спикер бафыстой иумæйаг æмбæлон куырдиат.

ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Республикæ Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Фæдерацийы скондмæ бацæуыны фарсты фæдыл референдум уагъд æрцæудзæн 2017 азы, æмбæлон куырдиат бафыстой цыппæрæмы президент Тыбылты Леонид æмæ парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Куырдиат райст æрцыд РХИ президенты цур политсоветы рабадты фæстиуджытæм гæсгæ.

"Ирон адæмы фæндтæ хынцгæйæ æмæ РХИ политикон уавæры стабилондзинад хъахъхъæнынмæ тырнгæйæ, мах сарæзтам иумæйаг куырдиат РХИ президенты цур Политикон Советы скъуыддзаджы фарс балæууын æмæ хорзыл банымайын Республикæ Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Фæдерацийы скондмæ бацæуыны фарсты фæдыл референдум ауадзын 2017 азы, Республикæ Хуссар Ирыстоны президентон æвзæрстыты фæстæ", — дзырдæуы куырдиаты.

Референдумы фæдыл æруынаффæ кæныны тыххæй политсоветы куысты цыппæрæмы хайад райстой РХИ хицауады, политикон партиты æмæ республикæйы æхсæнадон организациты минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0