Кремль нæ дæтты комментаритæ РХИ референдумы ахасты тыххæй

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæУФ президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков
УФ президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздæр куыд рахастæуыд уынаффæ, уымæ гæсгæ Уæрæсейы Федерацийы скондмæ Хуссар Ирыстоны бацыды фæдыл референдум уагъд æрцæудзæн 2017 азы.

ЦХИНВАЛ, 27 май — Sputnik. Кремль нæ аразы комментаритæ Уæрæсейы Федерацийы скондмæ Хуссар Ирыстоны бацыды фæдыл референдум иннæ азмæ ахæссыны тыххæй æмæ ацы цау "G7" саммитимæ бастдзинады тыххæй, фехъусын кодта УФ президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков.

"Ацы фарстæн комментари нæ ратдзæн, мах фарст нæу", — загъта Песков журналисттæн майрæмбоны, "референдум ахæссыны фæдыл политсоветы рекомендацитæ æмæ саммит "G7" æмцау сты æви нæ" фарстæн дзуапп дæтгæйæ.

Уæрæсейы Федерацийы скондмæ Хуссар Ирыстоны бацыды фарсты фæдыл референдум уагъд æрцæудзæн 2017, æмбæлон куырдиат бафыстой президент Тыбылты Леонид æмæ парламенты спикер Бибылты Анатолий.

Ног хабӕртты лентӕ
0