Цхинвалы байгом ног сабидон

© Пресс-служба Президента и Правительства РЮОЦхинвалы байгом ног сабидон
Цхинвалы байгом ног сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент Тыбылты Леонид, кæцы райста хайад сабидон байгом кæныны церемонийы, аздæхта хъусдард бакæнгæ куысты гъæдмæ æмæ банысан кодта, арæзтадон куыстытæ æххæст кæй æрцыдысты æмбæлон домæнтæ æмæ нормæтæм гæсгæ, суанг ифтонггарз æмæ инвентары онг.

ЦХИНВАЛ, 27 май — Sputnik. Цхинвалы капиталон цалцӕджы фӕстӕ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд сабидон 120 бынатæн, хъусын кæны РХИ официалон портал. Скъолаагъоммæ ахуырадон уагдон среставраци кодта Цхинвалы администраци республикæйы президенты фонды финансон æххуысæй. Объекты арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæн рахицæн æрцыд 8 милуан сомы.

14-æм сабидон ис Гафезы уынгыл. Уый домдта капиталон цалцӕг, уымæн æмæ тынг бахъыгдард æрцыд 2008 азы хæстон архæйдтыты рæстæджы.

Президент Тыбылты Леонид, кæцы райста хайад сабидон байгом кæныны церемонийы, аздæхта хъусдард бакæнгæ куысты гъæдмæ æмæ банысан кодта, арæзтадон куыстытæ æххæст кæй æрцыдысты æмбæлон домæнтæ æмæ нормæтæм гæсгæ, суанг ифтонггарз æмæ инвентары онг.

"Республикæйы къухдариуæгад кусы, цæмæй нæ сывæллæттæ æмæ сабидæты чи кусы, уыцы ахуыргæнджытæн уа æмбæлон уавæртæ. Мах нæ сывæллæтты хъуамæ хъомыл кæнæм хорз уавæрты. Ӕрывæрдтам нæ разы хæс — объекттæ аразын æмæ цалцæг кæнын æмæ йæ æххæст кæндзыстæм", — загъта президент.

Тыбылты Леонид ма банысан кодта, кæй ма хъæуы сæххæст кæнын хæрзарæзтадон куыстытæ кæртыты æмæ сывæллæтты фæзуæттыл, афтæ ма æндæр скъолаагъоммæ уагдæтты дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0