ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik. Дзæуджыхъæуы сæндидзыдта автотранспортон змæлд, кæцы къуырисæры æрцыд урæд тæрккъæвда æмæ тыхджын ихуарды фæстиуæгæн, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны УУМ-ы сæйраг управлени.
Тæрккъæвда тыхджын ихуардимæ ныллæууын кодтой автомобилон змæлд Дзæуджыхъæуы, иууыл тынгдæр зиан баййæфтой горæты централон уынгты цæрджытæ, иутыл дзы дон калд рог машинæты капоттæм.
Горæты цалдæр районы, уый нымæцы центры, хицæн кодта электроифтонгад.
"Æххæстбæрцæй сæндидзыдта автомобилон змæлд горæты централон уынгтыл, кæцы уыд урæд, къæвдайы канализаци доны гуырахстыл кæй нæ тых кодта, уый аххосæй", — банысан кодтой УУМ-ы.
Æвзæр боныгъæд ма лæудзæн æввахс бонты дæр æмæ УУМ-ы фæрæзтæ кусынц "Фæтыхджындæр цæттæдзинады" режимы.
Цæгат Ирыстоны УУМ-ы сæйраг управленийы сæргълæууæджы хæдивæг Николай Иванов æрсидт цæрджытæм, цæмæй сæхиуыл фæхæцой æрдзмæ цæуынæй.
"Сидын нæ республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæм, цæмæй æххæст кæной уагæвæрд, бахъахъхъæной сæхи æмæ сæ мулк дæр, афтæ ма сæхиуыл фæхæцой æрдзмæ цæуынæй, уымæн æмæ тæссаг у, цæугæдæтты кæй фæуæлдæр уыдзæн доны æмвæзад, хæххон районты та цъыфы зæйты æрцыдæй", — банысан кодта Иванов.
Æвзæр прогнозы тыххӕй фехъусын кодтой республикæйы цæрджытæн.