Сывæллæтты бон Цхинвалы ауадздзысты концерт, акци "Хæлары мидбылхудт" æмæ хъæзтытæ

© Sputnik / Ада БагианСывæллæтты бон
Сывæллæтты бон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рынчындоны чи хуыссы æмæ централон фæззуатмæ æрбацæуыны фадат цы сывæллæттæн нæй, уыдонæн сараздзысты сæрмагонд бæрæгбон.

ЦХИНВАЛ, 31 май — Sputnik. Сывæллæтты хъахъхъæныны боны цытæн бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд æрцæудзысты æртыццæджы Цхинвалы централон фæзуатыл, фехъусын кодтой Sputnik фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты пресс-службæйы.

"1 июны 11 сахатыл театралон фæзуатыл уагъд æрцæудзысты хиирхæфсæн мадзæлттæ — традицион "асфальтыл ныв" æмæ "хъæлдзæг старттæ", уыдон рæстæджы уæлахиздзаутæн лæвæрд цæудзысты призтæ æмæ хорзæхтæ. Театралон фæзуатыл ма уагъд æрцæудзæн бæрæгбонон концерт сывæллæтты хайадистæй", — банысан кодтой пресс-службæйы.

Сывæллæттæ хъахъхъæныны бонмæ ма йæ программæ бацæттæ кодта Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан дæр — ауаддзæн сæрмагонд акци "Хæлары мидбылхудт", кӕцыйы фæлгæтты ССГ-ы ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнинæгтæ бабæрæг кæндзысты республикон рынчындоны хоскæнынад цы сывæллæттæ цæуынц, уыдоны.

"Мах бацæттæ кодтам сывæллæттæн алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ — хъæзтытæ æмæ призтæ. Мадзæлтты хайад райсыны фадат цы сывæллæттæн нæй, уыдонæн нæ фæнды чысыл бæрæгбон рынчындоны саразын", — загъта галуаны кусæг.

Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны ӕхсӕнадӕмон бон нысан цӕуы 1 июны. Бӕрӕгбон уадзыны тыххӕй уынаффӕ райстӕуыд 1925 азы Ӕппӕтдунейон конференцийы рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0