"Фæсайдзæ – амæлдзæ"

© Из архива А.ДогузоваФильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр
Фильм Фæсайдзæ – амæлдзæ-йæ кадр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кæсджытæ хорз айстой ирон режиссеры ног куыст, премьерæагъоммæ равдыст æрæмбырд кодта йедзаг зал, дæргъвæтин рæстæг нæ лæууыд къухæмдзæгъд "куыд театры". Æппæтуæрæсейаг премьерæ уыдзæн фæззæджы.

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik, Козаты Дианæ. "Фæсайдзæ — амæлдзæ" у ирон актер æмæ режиссер Дыгъуызты Аланы дебютон куыст, Юрий Поляковы пьесæ "Одноклассники"-мæ гæсгæ. Ивгъуыд къуыри кинонывæн премьерæагъоммæ равдыст уыд Мæскуыйы Литераторты централон хæдзары.

Режиссер, кæцы кинонывы ахъазыд сæйраг рольтæй иу, радзырдта Sputnik, куыд цыд куыст ацы фильмыл, цæмæн равзæрста ацы уацмыс æмæ Берлины фестивалы хайадисты тыххæй.

"Фæсайдзæ — амæлдзæ" у вазыгджын социалон-психологон драмæ, кæцы æрбамбырд кодта æхсæнады алыгъуызон фæлтæрты адæмы — нуазаг поэты, динамонæджы, олигархы, австалиаг эмигранты, скъолайы ахуыргæнæг æмæ рæсугъд бурхил сылгоймаджы. Уыдон иууылдæр сты раздæры æмкъласонтæ, кæцытæ æрбацыдысты, цæмæй раарфæ кæной Иван Костромитинæн йӕ 40 азы юбилейы цытæн, кӕцы у хӕстон архӕйдтыты ветеран ӕмӕ у инвалидон къæлæтджынмæ баст. Уазджыты хсӕн ис Иваны раздӕры уарзон Света дӕр ӕмӕ йӕ скъолайон хӕлар Виктор. Цы хъӕуы ацы адӕмы? Иваны бирӕ ӕзты дӕргъы бӕрӕг дӕр никуы бакодтой, уӕд ыл ныр цы фӕзӕрды сты?

© Из архива А.ДогузоваФильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр
Кадры фильма Соврешь - умрешь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр

Алчидæр сæ раздæры æмкъласоны хæдзармæ æрбацæуы йæхи историимæ, кæцы дзуры æрмæстдæр уымæн. Бирæ æзты дæргъы æмбæхст хабæрттæ æргом кæнынц Иваны фатеры, сусæгдзинæдты иу хай баст у Иванæн йæхиуыл.

"Судзаг рӕстдзинад хуыздӕр у адджын гӕдыныхӕстӕй, ӕмӕ бахъуыды кӕн — фӕсайдзынӕ — амӕлдзӕ! Тынг зын куыст уыд, уымæн æмæ вазыгджын жанр у, арæнæвæрд рæстæг… Мах архайдтам нæхи тыхтæй кусын, никæмæй ницы куырдтам. Пьесæмæ гæсгæ нывæфтыд фильм зындæр у исын, уыд зындзинæдтæ монтажы рæстæджы. Хъуыдис дзы лыг кæнын, æрмæст афтæ, цæмæй йæ мидис ма фесæфа. Иу фразæ куы айсай, уæд диалог сæфы. Мах бындурон куыст бакодтам, нæхи æвæрдтам нæ хъайтарты бынаты", — дзуры Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, кæсджытæ хорз айстой йæ ног куыст, премьерæагъоммæ равдыст æрæмбырд кодта йедзаг зал, дæргъвæтин рæстæг нæ лæууыд къухæмдзæгъд "куыд театры". Æппæтуæрæсейаг премьерæ уыдзæн фæззæджы.

"Фильм дзуры æнæхъæн фæлтæры истори, сæ царды фадæттæ хорзырдæм кæмæн нæ ивынц. Уыдон нал сты раздæры хуызæн. Кинонывы ис уарзондзинады хахх, æппæт уыдæттæ æвдыст цæуынц хæсты инвалиды цæстæнгасæй", — загъта Алан.

© FacebookИрон актер æмæ режиссер Дыгъуызты Алан
Актер и режиссер Алан Догузов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон актер æмæ режиссер Дыгъуызты Алан

Райдианы фæнд кодта йæхи сценаримæ гæсгæ исын, фæлæ Юрий Поляковы "Одноклассники" бакæсгæйæ бафæлвæрдта авторимæ аныхас кæнын æмæ йын бамбарын кæнын, цæмæй йын у ахæм ахсджиаг.

"Ахсджиаг та уымæн у, æмæ мæнæн мæ зæрдæмæ цæуы социалон темæ, ахæм уыд нæ фыццаг цыбырметражон фильм "Воскресенье" дæр. Æз нæ кæсын уæлæнгай цæстæнгасæй æмбæстæгты хъысмæтмæ æмæ цымыдис æвзарын кæны кæсæгмæ дæр. Æмæ пьесæ "Одноклассники" æвиппайды федтон фильмæй", — æмбарын кæны режиссер.

Йæхæдæг ахъазыд динамонæджы роль, уый та йын бацамыдта автор Юрий Поляков.

"Уыцы рæстæг æцæгæйдæр уыдтæн даргъ сæрыхъуынтимæ, боцъоимæ, мах фæцæйцыдыстæм Поляковимæ машинæйыл спектаклы премьерæмæ. Бафарста мæ мæхи цæуылнæ фæнды динамонæджы роль сæххæст кæнын, зæгъгæ. Уый фæстæ аскъуыддзаг кодтон мæхæдæг ахъазын æмæ ссардтон æмбарынад кæсæджы зæрдæйы дæр", — дзуры уый.

Сценарий дæр ныффыста йæхæдæг, пьесæйы автор нæ иста хайад киноныв исыны процессы. Бахаста йæм ивындзинæдтæ æмæ Подляковы зæрдæмæ фæцыд, баззад райгондæй, фондз къуыримæ цы æрмæг систой, уымæй.

"Уый у тынг буцахуыр автор, бæстæйы сæйраг фыссæг. Йæ уацмысты бындурыл истой кинонывтæ ахæм зындгонд режиссертæ, куыд Станислав Говорухин, Сергей Снежкин, Хусейн Эркенов, Михаил Мамедов. "Фæсайдзæ — амæлдзæ" ссис йæ уацмысты 15-æм, юбилеон экранизаци", — банысан кодта Алан.

© Facebook"Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йы актертӕ
Актеры фильма Соврешь - умрешь - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йы актертӕ

Операторон куыст дæр дзы бакодта не ‘мзæххонтæй иу — Кæсойты Алан. Уый сæ фыццаг иумæйаг куыст нæу, иумæ ма куыстой "Воскресенье"-йыл дæр.

"Ног куысты рæстæг уыд хъæлдзæг, фæлæ уæззау. Мах алцыдæр арæзтам нæхи тыхтæй, мысыдыстæм ног варианттæ, цæмæй æхца ма хардз кæнæм, фæлæ райсæм максималон эффект. Кæронбæттæны мах райстам ӕрмæст æнтыстджын проект нæ, фæлæ ма хъæздыг фæлтæрддзинад дӕр", — дзуры Алан.

Алан-режиссеры ныхæстæм гæсгæ, Алан-операторимæ уыд æнцон кусæн, уымæн æмæ сын бирæ цæмæдæрты ис æмхуызон цæстæнгас, "уымæ гæсгæ иумæ кусын сын æнцон уыд, зындзинæдтæ та цыфæнды куысты дæр вæййы.

"Фæсайдзæ — амæлдзæ" нымайы æмбæлон æмвæзадыл бакæнгæ куыстыл. Фæлæ зын у хи куыстæн аргъ кæнын, уымæн хъуамæ саргъ кæна кæсæг.

Сфæлдыстадон къорды нывæзты ис фильм æрмæст уæрæсейаг горæтты равдисын нæ, фæлæ Цхинвалы дæр. Фæлæ уыл дзурын нырма раджы у, премьерæмæ нырма цалдæр мæй ис. Ныр уал сæхи цæттæ кæнынц фильм Берлины равдисынмæ12 июны, Уæрæсейы боны.

Райдианы уæрæсейаг кинематографы кад гермайнаг столицæйы хъуамæ хъахъхъæдтаид æндæр киноныв, фæлæ ирон режиссеры куыст премьерæагъоммæ равдысты банымадтой аккагдæрыл.

© Из архива А.ДогузоваФильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр
Фильм Фæсайдзæ – амæлдзæ-йæ кадр - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Фильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр
© Из архива А.ДогузоваФильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр
Фильм Фæсайдзæ – амæлдзæ-йæ кадр - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Фильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр
© Из архива А.КасоеваФильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр
Фильм Фæсайдзæ – амæлдзæ-йæ кадр - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Фильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр
© Из архива А.КасоеваФильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр
Фильм Фæсайдзæ – амæлдзæ-йæ кадр - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Фильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр
1/4
Фильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр
2/4
Фильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр
3/4
Фильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр
4/4
Фильм "Фæсайдзæ – амæлдзæ"-йæ кадр

Фильм "Фӕсайдзӕ — амӕлдзӕ" ма ссис дебютон ноджы иу ирон чызгӕн дӕр. Ӕвзонг композитор Алана Токасон ныффыста киномӕ музыкӕ. Критикты ныхӕстӕм гӕсгӕ, музыкӕ рауад тынг аив, иттӕг хорз сфидыдта фильмыл.

Дыгъуызты Алан у кино æмæ театры актер, режиссер, студи FARN MOVIE бундурæвæрæг. Кинойы хъазын Алан райдыдта Щепкины номыл театралон ахуыргæнæндоны ахуыры рæстæджы, йæ дебютон куыст ссис фильм "Тайный знак". Йæ биографийы ис цыгайнаг театр "Ромэн"-ы куыст, рольтæ ахæм кинонывты, куыд "Парни из стали", "Цвет неба", "Капитанские дети", "Десантура", "Молодой Волкодав", "Кармелита. Цыганская страсть".

Уыд Хуссар Ирыстоны 2008 азы хæсты тыххæй цыбырметражон нывæфтыд фильм "Улица героев"-ы сценарист æмæ режиссер. Йæ иннæ режиссерон куыст "Воскресенье" та райста VII актертæ-режиссерты æппæтуæрæсейаг кинофестивалы "Сыгъзæрин диплом" æмæ детективон киноты æхсæнадæмон кинофестиваль "Детектив FEST"-ы диплом.

Ног хабӕртты лентӕ
0