Ӕфсæддонтæ Хуссар Иры сæрдмæ бацæттæ кодтой техникæйы 1 мин иуæгæй фылдæр

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæддон базæ Цхинвалы
Уæрæсейаг æфсæддон базæ Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырады сæрдыгон периоды райдайæны тыххæй базæйы уагъд æрцыд цытджын митинг, кæцымæ хуынд æрцыдысты Цхинвалы мэрияйы минæвæрттæ, хæсты æмæ æфсæддон службæйы ветерантæ.

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны уæвæг уæрæсейаг æфсæддон базæйы службæгæнджытæ ракодтой эксплуатацийы сæрдыгон периодмæ 1 мин иуæгæй фылдæр гæрзтæ æмæ хæстон техникæ горæт Цхинвал, Дзауы поселок æмæ хъахъхъæнæг арæнгæсуатты, хъусын кæны Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæ.

Ахуырады сæрдыгон периоды райдайæны тыххæй базæйы уагъд æрцыд цытджын митинг, кæцымæ хуынд æрцыдысты Цхинвалы мэрияйы минæвæрттæ, хæсты æмæ æфсæддон службæйы ветерантæ.

"Уазджыты хъусдармæ рахастой ахуырады ног периодмæ бацæттæгонд гæрзтæ æмæ æфсæддон техникæйы равдыст — танк Т-90, фистæгæфсады хæстон машинæ БМП-3, гаубицæ "Акация" æмӕ гæрзты æндæр хуызтæ", — дзырдæуы хъусинаджы.

Зылды ма банысан кодтой, ахуырады зымæгон периоды рæстæджы уæлхох полигон "Дзарцъем"-ы æфсæддон базæйы дæлхæйттæ кæй ауагътой иу минæй фылдæр алыгъуызон тактикон æмæ сæрмагонд ахуыртæ, уыдон нымæцы бронетехникæйы нырыккон хуызтæй æмæ æхсæн хæцæнгарзæй æхст.

Хуссар æфсæддон зылды пресс-службæйы куыд банысан кодтой, афтæмæй интенсивон ахуырты рæстæджы æфсæддон службæгæнджытæ фæхæст сты æмархайды фæрæзтыл нырыккон æпæтæфсадон тохы уавæрты хæслæвæрдтæ æнтыстджынæй æххæст æныны тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0