Хъæзтытæ, адджын бæмбæг æмæ флеш-мобæй Цхинвалы банысан кодтой Сывæллæтты бон

© Sputnik / Руслан ТадтаевСывæллæтты бон Цхинвалы
Сывæллæтты бон Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы сывæллæттæ райстой æнæкæрон циндзинад алыгъуызон хъæзтытæ, хиирхæфсæн мадзæлттæ æмæ къафетты рæдзагъдæй, кæцытæ райстой сæ бæрæгбоны цытæн сæрды фыццаг боны.

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Сывæллæтты нывты конкурс, флеш-моб, хъæзтытæ æмæ кӕфтытæй банысан кодтой Цхинвалы Сывæллæтты хъахъхъæныны æхсæнадæмон бон. Цхинвалы Театралон фæзуатыл райсомæй зæлыд музыкæ æмæ сывæллæтты зарджытæ. Рæсугъд фæлынд сабитӕ сæ ныййарджытимæ æмæ сабидæтты хъомылгæнинæгты къордтæй азмæлæн дæр нал уыд фæзуатыл.

Мадзаламонæгæн сывæллӕтты ирхæфсынæн æххуыс кодтой хъæлдзæг клоунтæ. Райдианы сывæллæттæн байуæрстой хъулон мелтæ, æмæ асфальт æвиппайды байдзаг алыгъуызон нывтæй. Сывæллæтты фантазитæ иууылдæр æвиппайды парахат кодтой асфальтыл. Уый фæстæ жюри равзæрста иууыл аивдæр ныв.

Кæстæр кълӕсты ахуыргæнинæгтæ сценæйæ кастысты æмдзæвгæтæ, æххæст кодтой зарджытæ. Чысыл артисттæ æфсæрмы кодтой кæсджыты хъусдардæй æмæ иу сæ айрох сты сæ зарджытæ æмæ æмдзæвгæты ныхæстæ, фæлæ иу мадзаламонæг фæлмæнæй æрбиноныг кодта ацы уавæртæ. Дæргъвæтин радтæ уыд адджын бæмбæг, попкорн æмæ тымбылæгтæм. Алы сывæллонæн дæр байуæрстой бæрæгбонон колпактæ. Республикæйы чысыл æмбæстæгтæн сæ бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид дæр.

"Паддзахад æмæ ныййарджытæ хъуамæ сæ тыхтæ иууылдæр здахой уымæ, æмæ æрмæст ацы бон нæ, фæлæ сæ царды алкæцы бон дæр уа амондджын æмæ æнæмæт", — загъта республикæйы сæргълæууæг.

© Sputnik / Алексей КовалевСывæллæтты бон Цхинвалы
День защиты детей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сывæллæтты бон Цхинвалы

Сывæллæтты циндзинад хъахъхъæдтой барадхъахъхъæнæн органты кусджытæ. Райсомæй фæзуатыл æрæхгæдтой автомобилон змæлд. Мадзæлтты агъоммæ территори басгæрстой сапертæ, æхсæнадон уагæвæрды хъахъхъæд та цыд фæтыхджындæргонд режимы.

Фæзуатæй бæрæгбонон мадзæлттæ сæхи айстой Ногдзауты паркмæ, цыран сывæллæттæн хиирхæфсæн мадзæлттæ сорганизаци кодтой компани "МегаФон — Хуссар Ирыстон" æмæ Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан.

Парчы сабиты ирхæфстой хъæзтытæ æмæ конкурстæй — голджыты лидзын, бæндæн ивазын, классиктæ, баскетбол. Сывæллæттæн лæвар кодтой тымбылæгтæ æмæ къаффеттæ.

Сывæллæттæн иууыл тынгдæр сæ зæрдæмæ фæцыдысты аргъæутты хъайтарты дарæсы конд артисттæ. Бæрæгбон фæцис хъæлдзæг флеш-мобæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0