Хуссар Иры минӕварады Уӕрӕсейы ссардтой Бесланы амӕттӕгты нӕмттӕ

© пресс-служба посольства РЮО в РФХуссар Иры минӕварады Уӕрӕсейы ссардтой Бесланы амӕттӕгты нӕмттӕ
Хуссар Иры минӕварады Уӕрӕсейы ссардтой Бесланы амӕттӕгты нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Церемонийы рӕстӕджы йӕ раныхасы Хуссар Иры минӕвар Гасситы Знауыр ӕрлӕууын кодта ӕрӕмбырдуӕвджыты зӕрдыл, Бесланы ӕвирхъау цауы размӕ ма Ирыстоны ӕндӕр къуымты дӕр кӕй ӕрцыд уӕззау теракттӕ.

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik. Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны ӕхсӕнадӕмон бон Хуссар Иры минӕварады Уӕрӕсейы ӕрымысыдысты Бесланы теракты бабынуӕвӕг сывӕллӕтты. Минӕвӕрады кусджытӕ дидинтӕ сӕвӕрдтой, Бесланы фыццӕгӕм скъолайы бабынуӕвӕг сывӕллӕттӕн Мӕскуыйы цы мемориал ис, уым, фехъусын кодтой Sputnik ведомствӕйы пресс-службӕйы.

Церемонийы рӕстӕджы йӕ раныхасы Хуссар Иры минӕвар Гасситы Знауыр ӕрлӕууын кодта ӕрӕмбырдуӕвджыты зӕрдыл, Бесланы ӕвирхъау цауы размӕ ма Ирыстоны ӕндӕр къуымты дӕр кӕй ӕрцыд уӕззау теракттӕ.

"Уӕд дӕр мах сидтыстӕм дунейы ӕмӕхсӕнадмӕ иудзинадмӕ терроризмы ныхмӕ тохы, фӕлӕ нӕм сӕ хъусдард нӕ аздӕхтой. Абон мах уынӕм уыцы къуындӕг цӕстӕнгасы фӕстиуджытӕ: терроризмы ӕндӕвдадӕй пырх кӕнынц паддзахӕдтӕ, арӕзт цӕуынц сӕдӕгай теракттӕ, мӕлынц дӕсгай мин адӕймӕгтӕ", — загъта Гасситы Знауыр.

Хуссарирыстойнаг дипломаттӕ та радон хатт бахатыдысты ӕппӕт паддзахадтӕм, цӕмӕй ӕрбаиу кӕной сӕ архайд ӕхсӕнадӕмон терроризмы ныхмӕ тохы, кӕцыйыл фӕуӕлахиз уӕвын ис ӕрмӕстдӕр ӕнгомӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0