Сывæллæтты бон Цхинвалы сабитӕн сарӕзтой цымыдисон бӕрӕгбон

Рафыссын
Нывты конкурс, флеш-моб, хъæзтытæ æмæ кӕфтытæй банысан кодтой Цхинвалы Сывæллæтты хъахъхъæныны æхсæнадæмон бон.

Цхинвалы Театралон фæзуатыл райсомæй зæлыд музыкæ æмæ сывæллæтты зарджытæ. Рæсугъд фæлынд сабитӕ сæ ныййарджытимæ æмæ сабидæтты хъомылгæнинæгты къордтæй азмæлæн дæр нал уыд фæзуатыл.

Мадзаламонæгæн сывæллӕтты ирхæфсынæн æххуыс кодтой хъæлдзæг клоунтæ. Райдианы сывæллæттæн байуæрстой хъулон мелтæ, æмæ асфальт æвиппайды байдзаг алыгъуызон нывтæй. Сывæллæтты фантазитæ иууылдæр æвиппайды парахат кодтой асфальтыл. Уый фæстæ жюри равзæрста иууыл аивдæр ныв.

Кæстæр кълӕсты ахуыргæнинæгтæ сценæйæ кастысты æмдзæвгæтæ, æххæст кодтой зарджытæ.

Республикæйы чысыл æмбæстæгтæн сæ бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид дæр.

Фæзуатæй бæрæгбонон мадзæлттæ сæхи айстой Ногдзауты паркмæ, цыран сывæллæттæн хиирхæфсæн мадзæлттæ сорганизаци кодтой компани "МегаФон — Хуссар Ирыстон" æмæ Сывæллæтты сфæлдыстадон галуан.

Парчы сабиты ирхæфстой хъæзтытæ æмæ конкурстæй — голджыты лидзын, бæндæн ивазын, классиктæ, баскетбол. Сывæллæттæн лæвар кодтой тымбылæгтæ æмæ къаффеттæ.

Сывæллæттæн иууыл тынгдæр сæ зæрдæмæ фæцыдысты аргъæутты хъайтарты дарæсы конд артисттæ. Бæрæгбон фæцис хъæлдзæг флеш-мобæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0