Хуссар Иры турбазæтæ сæхи цæттæ кæнынц сæрдыгон сезонмæ

© FacebookХæххон базæ "Дзедо"
Хæххон базæ Дзедо - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фæллад суадзынæн ахæм æнæмæнгхъæуæг уавæртæ, куыд бастдзинад, хъарм дон, боны æртæхаттон хæрдæй дарддæр хæххон базæ "Дзедо"-йы алыварс ис цæугæддæттæ æмæ фырсыгъдæг суадæттæ.

ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik, Козаты Дианæ. Хуссар Ирыстоны иууыл алæмæттагдæр къуымтæй иу — Дзауы районы Хъеуселты хъæуы байгом хæххон фæлладуадзæн базæ "Дзедо".

Хуссар Ирыстоны æрдзы тыххæй бирæтæ сты хъуыстгонд, советон дуджы ардæм кæй цыдысты туристтæ æнæхъæн бæстæйы, республикæйы иууыл рæсугъддæр къуымты æвæрд уыдысты санаторитæ, туристон базæтæ, цыран уыд фадат баулæфынæн æмæ æнæниздзинадæн схос кæнын. Фæлæ уыдон æдзæллаг уавæрмæ æрцыдысты Гуырдзыстонимæ хæсты рæстæджы.

© FacebookХæххон базæ "Дзедо"
Горная база Дзедо  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хæххон базæ "Дзедо"

Ногæй Хуссар Ирыстонмæ кæй фæндыд æрæздæхын, уыдонæн уыд проблемæ, уымæн æмæ республикæйы нал баззад, улæфджытæ цыран æрлæууыдаиккой, уыцы бынат. Фæстаг цалдæр азы хæххон хъæуты, кæцытæн сæ фылдæр сæдзæрæг сты, сæрды райдыдтой гом кæнын фæлладуадзæн базæтæ æмæ лагертæ.

Улæфты сезон "Дзедо"-йы адарддæр уыдзæн æрæгвæззæджы онг, фехъусын кодта Sputnik туристон æмæ альпинистон клуб саразыны инициатор Бестауты Бала.

Фарон, ацы фæлладуадзæн базæйы сæ сæрдыгон каникултæ арвыстой хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ — скъолайон олимпиадæты уæлахиздзаутæ.

"Æртæ вагоны æмрæстæджы фадат ис баулæфын 25 адæймагæн. Ам сын арæзт ис алы уавæртæ — бастдзинад, хъарм дон, æртахаттон зæрд, спутникон телеуынынад, фæлладуадзæн зал æмæ а. д. Фæлладуадзæн базæйы иудадзыг ис администратор, кæцы цыфæнды рæстæг дæр цæттæ у æххуысмæ æрцæуын улæфджытæн", — загъта Бестауты Бала.

© FacebookХæххон базæ "Дзедо"
Горная база Дзедо  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хæххон базæ "Дзедо"

Ахæм æнæмæнгхъæуæг уавæртæй дарддæр ма хæххон базæ "Дзедо"-йы алыварс ис цæугæддæттæ æмæ фырсыгъдæг суадæттæ. Фæлтæрдджын альпинистты фæсдзыдимæ уыдон цæудзысты балцты. Туристты æхсæн иууыл популярондæр сты — балцтæ Леты æхсæрдзæнтæм, Морехы дурæй дзуармæ æмæ Часавалы лæгæттæм.

© FacebookХæххон базæ "Дзедо"
Горная база Дзедо  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хæххон базæ "Дзедо"

Ацы бынæтты иу хай æвæрд ис арæнгæрон зонæйы, кæцымæ бацыд у регламентгонд. Уымæ гæсгæ, уырдæм бацæуыны тыххæй, улæфджытæ развлгъау хъуамæ райсой сæрмагонд пропусктæ Хуссар Ирыстоны ПÆК-ы Арæнгæрон службæйы.

"Цалдæр бонмæ сæххæст кæндзыстæм цæттæгæнæн куыстытæ иууылдæр æмæ бакæндзыстæм сезон. Ацы бынæтты мит раджы рауары, æмæ нæм ныридæгæн æрбацыд куырдиæттæ къахдзоныгътыл кæй фæнды атезгъо кæнын, уыдонæй", — загъта Бала.

Фæлладуадзæн зонæтæ æрвылаздæр байгом вæййынц Хуссар Ирыстоны æндæр къуымты дæр. Фылдæр Дзауы районы — Къобет, Гуфта æмæ Метехы хъæуты.

Ног хабӕртты лентӕ
0