ЦХИНВАЛ, 3 июн — Sputnik, Хъотайты Мария. Базальтон кондад æмæ уымæй Уæрæсейы базарад æввонгкæнынад сырæздзысты, кæд æмæ ацы кондады инициатор — ООО "Альфа-Надежда"-йы проект хорзыл банымайа инвестицион агентад, кæцы æххуыс кæны Хуссар Ирыстоны реалон секторы проекттæн. Республикæйы экономикæйы министр Зæгъойты Вильям Sputnik куыд загъта, афтæмæй базальтон кондады фæдыл проекты реализацийы аргъ у 200 милуан сомы.
"Альфа-Надежда"-йы сæргълæууæг Джиоты Роман сарæзта авд бадзырды УФ коммерцион структурæтимæ, кæцыты хъæуы базальт. Райстой Инвестицион агентады разыдзинад, куыд ацы проект у нысанæмрæс, цæмæй балхæной æнæмæнгхъæуæг ифтонггарз æмæ райдайой фыццаг къахдзæфтæ аразын.
"Бизнес-план у арæзт, у цымыдисон, ныртæккæ проекты инициатор æмæ Инвестагентад кусынц кондады проектыл. Проекты сконды ис Цхинвалы районы карьертæй иуы базальты æфтиаг, уый рацарæзт кæройнаг продукты онг, ома базальтон хæтæл кæнæ таг аразын, æмæ уымæй уæрæсейаг базарад æввонгкæнын", — загъта экономикæйы министр æмæ банысан кодта, карьеры цы минералы рæдзæгъдтæ ис, уыдон кæй сты 80 — 100 азы фаг.
"Альфа —Надежда"-йы бундурæвæрæгтæй иу у уæрæсейаг Зонад-иртасæн институт, кæцы куыста Уæрæсейы базальтон таг уадзыны фæдыл технологийыл æмæ у ацы продукцийыл патент æмæ технологиты хицау.
Уæрæсейаг Зонад-иртасæн институт сбæлвырд кодта, йæ гъæдмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны базальт нымад кæй у сыгъдæг æмæ хорзыл, уымæ гæсгæ йæ рацарæзты аргъ уыдзæн асламдæр.
Министры фидар ныфс ис, проект республикæйæн кæй уыдзæн нысаниуæгджын.
"Уæрæсейы ис инновацион кондады организаци, кæцыйы сконды сты ахæм кондадтæ. Ацы организациимæ дæр проекты инициаторæн ис бастдзинæдтæ, æмæ уыдон ныридæгæн равдыстой сæ хъæппæрис продукт раразмæ кæныныл", — загъта Зæгъойты Вильям.
Инвестагентадæй цы 200 милуан сомы райст æрцыд кредит, уый хæсджын хъуамæ бафида 10 азы æмгъуыдмæ. Уымæй дарддæр ма ацы кондадæй паддзахадон бюджетмæ цæудзысты фиддонтæ. Фыццаг этапыл кондады уыдзæн 50 куысты бынаты.
Райдианы уал уаддзысты 200 мин тоннæйы продукци азы мидæг. "Альфа-Надежда" ныридæгæн райста арендæйы 1,5 мин квадратон метры Цхинвалы, завод "Эмальпровод"-ы территорийыл. Экономикæйы министр фидарæй загъта, кондад æппындæр кæй ницы зианхæссæг уыдзæн экологийæн.