"Ир-FM" хоны интеллектуалон хъазтмӕ "Кæд дæ ирон, уæд де ’взаг зон"

© Sputnik / Диана КозаеваРадио "Ир-FM"-ы студи
Радио Ир-FM-ы студи - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Викторинӕйы уӕлахиздзау суӕвынӕн хъӕуы хорз зонын ирон ӕгъдӕуттӕ, ӕмбисӕндтӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ, бӕстӕйы истори ӕмӕ ирон фысджыты сфӕлдыстад.

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон радио "Ир-FM" сарӕзта ног проект — интеллектуалон хъазт "Кæд дæ ирон, уæд де 'взаг зон", фехъусын кодта Sputnik радиойы директор Цхуырбаты Алан.

Хъазт цӕуы комкоммӕ эфиры ирон ӕвзагыл. Викторинӕйы уӕлахиздзау суӕвынӕн хъӕуы хорз зонын ирон ӕгъдӕуттӕ, ӕмбисӕндтӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ, бӕстӕйы истори ӕмӕ ирон фысджыты сфӕлдыстад.

"Ахӕм хъазт нӕм цӕуы фыццаг хатт ӕмӕ йын йӕ сӕйрагдӕр хӕсыл нымайӕм ирон ӕвзаджы рапарахат кӕныны хъуыддаг. Программӕ арӕзт ӕрцыд викторинӕйы хуызы. Ис дзы фарстытӕ Хетӕгкаты Къостайы сфӕлдыстадӕй, ирон зарджытӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕй ӕмӕ не ‘хсӕнады зындгонд адӕймӕгты тыххӕй", — радзырдта Цхуырбаты Алан.

Уый ма банысан кодта, радиомӕхъусджыты ӕрмӕстдӕр кӕй хъӕуы фӕдзурын комкоммӕ эфирмӕ ӕмӕ сӕ зонындзинӕдтӕ бафӕлварын. Уӕлахиздзаутӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

Хъазт цӕуы ӕрвыл кусгӕ бон дӕр 16 сахатыл. Викторинӕ амоны радиойы кусӕг Гуыцмӕзты Инна.

Ног хабӕртты лентӕ
0