Цыппар ирон хъӕбысӕйхӕцӕджы стох кӕндзысты Дунейы кубокыл

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæУӕгъдибар хъӕбысхӕст
Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тускъаты Азӕмӕт, Уалыты Радик, Санахъоты Ацӕмӕз ӕмӕ Цӕболты Хетик архайдзысты дунейы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй.

ЦХИНВАЛ, 7 июн — Sputnik. Цыппар ирон богалы стох кӕнындзысты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Дунейы кубокы призтыл Лос-Анджелесы, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Тускъаты Азӕмӕт, Уалыты Радик, Санахъоты Ацӕмӕз ӕмӕ Цӕболты Хетик архайдзысты дунейы чемпионаты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй.

"Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд командӕйы сконды архайдзысты Тускъаты Азӕмӕт (57 кг), Уалыты Радик (70 кг), Санахъоты Ацӕмӕз ӕмӕ Цӕболты Хетик та 74 килограммы уӕзы. Сӕ къордты уыдон фембӕлдзысты Гуырдзыстон, Монголи ӕмӕ Турчы спортсментимӕ", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Ерыстӕ цӕудзӕсты Лос-Анджелесы 10-12 июны. Чемпионаты архайынц аст бӕстӕйы минӕвӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0