Хуссар Иры цӕугӕдӕтты байгом кӕсаг ахсыны сезон

© Sputnik / Ада БагианПъацъайы цӕугӕдон
Пъацъайы цӕугӕдон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сентябры онг Хуссар Иры алы цӕугӕдоны дӕр гӕнӕн ис кӕсаг ахсын ӕнгуырӕй, ӕрдзон ресурсты комитет фӕдзӕхсы фӕрсагдӕтты ӕмӕ цадты кӕсагыл цуанӕй. Ӕнӕзакъонон ӕгъдауӕй кӕсаг чи ахса, уымӕн та йӕ фарсӕй фӕуыдзӕн - иу кӕсаджы тыххӕй сӕ ивар кӕндзысты 3,5 мин сомы.

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны байгом кӕсаг ахсыны сезон. Цӕугӕдӕтты кӕсаг ахсын гӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр ӕнгуырӕй. Ӕнӕзакъонон кӕсагахсджытӕ — ома ток, науӕд та химикъон буарыгъӕдтӕй чи спайда кӕна, уыдон ивар цӕудзысты иу кӕсагы тыххӕй 3 500 сомӕй, фехъусын кодта Sputnik ӕрдзон ресурсты комитеты сӕргълӕууӕг Бестауты Бала.

Цӕугӕдӕтты кӕсӕгтӕн сентябрьӕй майы онг вӕййы цот кӕныны рӕстӕг, уымӕ гӕсгӕ сын ацы мӕйты ахсыны бар нӕй. Цадты кӕсӕгтӕм та ӕвналӕн нӕй нырма дыууӕ мӕйы дӕргъы. Уымӕй дарддӕр ма ӕрдзон ресурсты комитет фӕдзӕхсы фæрсагдӕтты кӕсаг ахсынӕй дӕр — ахӕм дӕтты фылдӕр бӕрцӕй кӕсаг калы еугæф.

"Ӕнгуырӕй ахсыны бар алкӕмӕн дӕр ис сезоны рӕстӕджы Зонкъары тобӕгонд зонӕйӕ дарддӕр иннӕ дӕтты. Чидӕриддӕр ма ток, науӕд та химикъон буаргъӕдтӕй ныццӕгъда кӕсаджы цот, уыдон ивар цӕудзысты. Иу кӕсаг сын слӕудзӕн 3500 сомы аргъ", — загъта Бестауты Бала.

© Sputnik / Дмитрий Дебабов /  Ахизын медиабанкмæХъулон кæсаг
Ручьевая форель - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъулон кæсаг

Ирыстоны цӕугӕдӕтты ӕмӕ цӕдты кӕсаджы мыггаг бахъахъхъӕныныл архайы 25 егеры, уыдон сӕ хъус дарынц кӕсаг, хъӕддаг сырдты ныццӕгъдын ма руадзынмӕ. Сӕ куысты ӕмӕ адӕмы аудгӕ ахасты фӕрцы фӕстаг азты Хуссар Иры дӕтты зынгӕ фӕфылдӕр кӕсаг.

"Ис нӕм хъулон кæсаг, карпы цалдӕр хуызы — усач, сардзангæсаг ӕмӕ тъепагæcаг. Кӕсаг фылдӕр ис Стыр ӕмӕ Чысыл Леуахийы, Пъацъа ӕмӕ Джоджорайы цӕугӕдӕтты ӕмӕ республикӕйы цӕдты", — радзырдта уый.

Уый ма бафиппайдта, зӕгъгӕ, кӕд фӕстаг ӕзты Хуссар Ирыстоны бирӕ фӕфылӕр ис кӕсӕгты мыггаг, уӕддӕр сӕ раздӕры æвидийгæ нымӕцмӕ нырма бирӕ хъӕуы.

"Начърепайы цӕрӕг Джусойы фырт Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты рӕстӕджы фронтӕн балӕггад кодта 3,5 тонн кӕсагӕй, уыдон уый иууылдӕр ӕрцахста ӕнгуырӕй. Кӕд та нӕ дӕтты афтӕ тынг сбирӕ уа кӕсаг, уӕд дзы гӕнӕн уыдзӕн бизнес саразын, фӕлӕ нырма ахӕм уавӕр нӕй", — банысан кодта ӕрдзон ресурсты комитеты хистӕр.

Кӕсаг ахсыны сезон официалонӕй ӕхгӕд ӕрцӕудзӕн сентябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0