Хуссар Ирыстоны уарзынц адджын хъæууон дзул, фыцынц æй Цхинвалы чысыл коммерцион дзулфыцæн цехты дæр æмæ хъæуты хæдзæртты дæр. Йæ аразынæн æнæмæнгхъæуæг у традицион тымбыл пец, цы ран сугыл фыцынц хуымæтæг дзул дæр. Иутæ дæр æмæ иннæттæ дæр сты дæргъæццон формæйы, æмæ уымæй хицæн кæнынц, чысыл дзулфыцæн цехты цы луаси уæй кæнынц, уымæй.
Адджын дзулы хыссæмæ бафтауынц нæлхæ кæнæ маргарин, сæкæр, æйчытæ æмæ ваниль. Пецы размæ йæ сахорынц аичы бурæй.
Рауайы адджын æмæ "лакгонд" цъар. Фылдæр хатт ахæм дзул хæрынц афтидæй — афтæ дæр тынг хæрзад у.

1/11
© Sputnik / Алексей Ковалев
Дурын пецы суг æндзæрст цæуы дыууæ сахат.

2/11
© Sputnik / Алексей Ковалев
Цалынмæ арт сцырын уа, уæдмæ аразынц хыссæ.

3/11
© Sputnik / Алексей Ковалев
Хыссæйы гундатӕ пецы бавæрды размæ.

4/11
© Sputnik / Алексей Ковалев
Пец цæттæ у æмæ у удæгас планетæйы хуызæн.

5/11
© Sputnik / Алексей Ковалев
Сфыцыны размæ гундатæ ныттæнæг кæнынц æмæ сыл æрызæрынц ссад.

6/11
© Sputnik / Алексей Ковалев
Рæвдуæттæ сцæгъдынц æмæ дзы сахорынц нытæнæггонд хыссæйы тымбылæг.

7/11
© Sputnik / Алексей Ковалев
Æмæ пецмæ.

8/11
© Sputnik / Алексей Ковалев
Пецы ныккæныц сæкæр, цæмæй дзул райса адджын тæф.

9/11
© Sputnik / Алексей Ковалев
Бамбæрзынц æй æнгом хъуымацæй.

10/11
© Sputnik / Алексей Ковалев
15 минут æмæ адджын дзул у цæттæ.

11/11
© Sputnik / Алексей Ковалев
Уæ минас хорз!