Советон хицауад Хуссар Ирыстоны расидт æрцыд 96 азы размæ

© Фото из архиваСоветон хицауады расидт Хуссар Ирыстоны
Советон хицауады расидт Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
1920 азы 8 июны Цхинвалы центры митинджы рæстæджы æгас Хуссар Ирыстоны расидт æрцыд Советон хицауад.

ЦХИНВАЛ, 8 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны советизацийы бонæй рацыд 96 азы. 1920 азы 8 июны революцион комитет Хуссар Ирыстоны расидт Советон хицауад.

1918 азы майы Гуырдзыстоны меньшевиктæ расидтысты хæдбар паддзахады сарæзт æмæ сæ бартæ æрдомдтой Хуссар Ирыстоны территоримæ дæр. Уæдмæ регионы архайдта Хуссар Ирыстоны Националон Совет, кӕцыйы сконды уыдысты алыгъуызон политикон партиты минæвæрттæ. Йæ уынаффæйы Националон Совет рахаста ныхас хуссайраг ирæттæн "сæрибар хæдуагæвæрды бар" раттын.

Гуырдзыстоны бамбæрстой, Хуссар Ирыстон кæй тырны хæдбардзинадмæ æмæ йæ территорийыл Советон хицауады æрлæудмæ. Гуырдзыстоны хицауад барвыста æфсад Хуссар Ирыстонмæ, цæмæй контроль сæвæра йæ территорийыл. Ацы къахдзæфты сæйраг нысан уыд цæгатырдæм хæххон æфцгуытæ æрæхгæнын æмæ Хуссар Ирыстонæн æххуысмæ æрцæуæг Сырх Æфсадæн цæлхдур æрæвæрын.

Фæлæ гуырдзыстойнаг æфсадæн нæ бантыст стратегион позицитæ æрцахсын, ирæттæн æххуысмæ æрцыд Цæгат Кавказæй сырх партизанты хуссарирыстойнаг къорд. Уыдон феддæдуар кодтой меньшевикты Рукъгомæй æмæ ссæрибар кодтой Дзауы поселок. Цхинвал гуырдзиаг меньшевиктæй сæрибар æрцыд 7 июны.

1920 азы 8 июны Цхинвалы центры адæмарæх митинджы рæстæджы æгас Хуссар Ирыстоны расидт æрцыд Советон хицауад. Хуссар Ирыстоны Революцион комитет рахаста фæндон Советон Уæрæсейы скондмæ бацæуын.

Уый та райхæлдта гуырдзыстойнаг къухдариуæггæнджыты къухтæ Хуссар Ирыстонмæ уæрæхмасштабон хотыхджын æрбабырст саразынæн. Хуссар Ирыстонмæ æрвыст æрцыдысты æфхæрæг къордтæ, кæцытæ райдыдтой республикæйы сабыр цæрджыты куынæг кæнын. 20 июны æфхæрджытæ скуынæг кодтой Хуссар Ирыстоны политикон къухдариуæгад — фехстой 13 коммунары.
Сæдагæй хъæутæ басыгътой æмæ ныппырх кодтой, фондз минæй фылдæр адæймаг фæлыгъдысты Цæгат Ирмæ, иу уыйас та фæмард Гуырдзыстоны æфхæраг архæйдтыты рæстæджы.

Фæмардуæвджыты нымæц æмæ бакæнгæ зианы бæрц сбæлвырд кодта сæрмагонд къамис, кæцы куыста уый нымæцы гуырдзиаг минæвæрттимæ дæр. Йæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Гуырдзыстойнаг æфхæрæг къордтæ амардтой 5279 адæймаджы, уыдонæй 1375 сылгоймæгтæ æмæ 1844 та сывæллæттæ. Æфцгуыты сæрты лидзыны рæстæджы æмæ низтæй та амард 15 мин адæймагæй фылдæр. Иумæйаг нымадæй, фесæфт Хуссар Ирыстоны ирон цæрджыты 20%.

Советон хицауд Хуссар Ирыстоны æрлæууыд æрмæстдæр 1921 азы 5 марты. Адæмон депутатты хуссарирыстойнаг областон совет 1990 азы 20 сентябры йæ уынаффæйы 1920 азы цаутæ банымадта хуссарирыстойнаг адæмы геноцидыл.

Ацы датæйыл номыл хуссарирыстойнаг столицæйы централон уынгтæй иу схуыдтой 8 Июны уынг.

Ног хабӕртты лентӕ
0