Гобозты Валерийы номарӕн турнир рабӕрӕг кӕндзӕн РХИ хуыздӕр шахматистты

© Sputnik / Евгения Новоженина /  Ахизын медиабанкмæШахматтӕй чемпионат
Шахматтӕй чемпионат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тагъд шахматтӕй ерыстӕ цӕудзысты дыууӕ боны дӕргъы. Турниры уӕлахиздзау суыдзӕн, фараст туры дӕргъы хуыздӕр бӕрӕггӕнӕнтӕ чи равдиса, уый.

ЦХИНВАЛ, 9 июн- Sputnik. Цхинвалы шахматты спорты мастер Гобозты Валерийы фыццаг ӕппӕтреспубликон номарӕн турнир рабӕрӕг кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны хуыздӕр шахматистты, фехъусын кодта Sputnik РХИ Шахматон федерацийы хистӕр Саулохты Георгий.

Валерий Халин – шахматтӕй Хуссар Иры фидӕны чемпион

Турнир цӕудзӕн 11-12 июны республикон библиотекӕйы ӕмӕ нывонд у шахматист, журналист, ахуыргонд ӕмӕ поэт Гобозты Валерийы рухс номӕн.

"Гобозты Валерий канд дӕсны шахматист нӕ уыд, фӕлӕ ма диссаджы ахуыргӕнӕг дӕр, уый бацӕттӕ кодта хорз шахматистты фӕлтӕр. Мӕнӕн мӕхи ахуыргӕнӕг дӕр Валерий Лентъойы фырт уыд. Ацы мадзалӕй мах радон хатт ӕрымысдзыстӕм Хуссар Иры иууыл номдзыддӕр шахматисты рухс ном", — загъта Саулохты Георгий.

Ерысты архайдзысты республикӕйы чемпионаты хъазджытӕ ӕмӕ шахматтӕм ӕвзыгъд хистӕркъласонтӕ.

"Федераци йӕ разы ӕвӕры хӕс — ацы спорт республикӕйы йӕ къахыл слӕууын кӕнын. Ацы мадзал фӕахъаз уыдзӕн ӕвзонг шахматисттӕн фӕлтӕрддзинад райсынӕн. Ацы турнир фидӕны суыдзӕн ӕрвылазон", — загъта федерацийы хистӕр.

Гобозты Валерийы фыццаг номарӕн турнир арӕзт цӕуы Шахматон федераци ӕмӕ Фӕсивӕдон политикӕйы комитеты фӕндонмӕ гӕсгӕ, компани "Остелеом"-ы финансон ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0