Новокузнецкаг бӕлццӕттӕ ӕрцӕудзысты Эрцъойы цадмӕ

© Sputnik / Лана ПарастаеваЭрцъойы цад
Эрцъойы цад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кавказмӕ экспедицийы рацыдысты новокузнецкаг бӕлццӕтты клуб "Тентура"-йы минӕвӕрттӕ. Дыууӕ къуырийы дӕргъы уыдон рацӕудзысты 7000 километры 1994 азы уагъд "Нива"-йыл.

ЦХИНВАЛ, 9 июн — Sputnik. Новокузнецкаг бӕлццӕтты клуб "Тентура"-йы къорд ӕввахс рӕстӕджы бабӕрӕг кӕндзӕн Ирыстоны дыууӕ хайы фенддаг бынӕттӕ, хъусын кӕны Информацион-аналитикон центр "КузПресс".

Кавказмӕ экспедицийы рацыдысты новокузнецкаг бӕлццӕтты клуб "Тентура"-йы минӕвӕрттӕ. Дыууӕ къуырийы дӕргъы уыдон рацӕудзысты 7000 километры 1994 азы уагъд "Нива"-йыл. Эльбрусы хохмӕ цалынмӕ не ‘схизой, уӕдмӕ къорд фендзӕн Хуссар Ирыстоны цӕдтӕй сӕ иу — Эрцъойы.

"Дыууӕкъуырион балц дих у дыууӕ этапыл, фыццаг хай цӕуы Казахстаныл — бӕлццӕттӕ бабӕрӕг кӕндзысты Караганда, Байконур, ӕмӕ Астрахань. Дыккаг этапы сӕ фӕндаг ракӕндзысты Кавказы хӕхтыл. Къорд бацӕудзӕн Хъӕрмӕдонмӕ, цыран ссардзысты актер Сергей Бодров ӕмӕ ихы бын бабынуӕвӕг иннӕ адӕмы рухс нӕмттӕ. Уый фӕстӕ та фендзысты Эрцъойы цад", — дзырдӕуы хъусинаджы.

22-аздзыд хӕдтулгӕ "ВАЗ-2129"-йыл новокузнецкаг бӕлццӕтты клуб "Тентура"-йы минӕвӕрттӕ ӕрзылдысты дунейы бирӕ къуымтыл, се ‘хсӕн — Азийы бирӕ бӕстӕтӕ, бахӕццӕ сты суанг Цӕгаттаг ихджын океанмӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0