Европæйы чемпионат футболæй райдыдта Францы

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæПариж
Париж - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир уагъд цæудзæн 10 июнæй 10 июлы онг Францы дæс горæты. Евро-2016 хайадисджытæй иу у Уæрæсейы æмбырдгонд.

ЦХИНВАЛ, 10 июн — Sputnik. Франц æмæ Румынийы æмбырдгæндты æхсæн матчæй Парижы, стадион "Стад де Франс"-ы райдайдзæн футболæй Европæйы 15-æм чемпионат, уый уагъд цæудзæн 10 июнæй 10 июлы онг Францы дæс горæты. Евро-2016 хайадисджытæй иу у Уæрæсейы æмбырдгонд, кæцы ахъаздзæн "B" къорды Инглис, Словаки æмæ Уэльсы командæтимæ, хъусын кæны агентад "Р-Спорт".

Футболист Зæгъойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Зæгъойты Алан 2016 азы нæ ацæудзæн Европæйы чемпионатмæ

Европæйы чемпионаты финалон хайы фыццаг хатт хайад райсдзысты 24 командæйы. Евро кæй фæуæрæхдæр ис, уый фадат радта фыццаг хатт чемпионаты хайад райсын фондз бæстæтæн: Исланди, Цæгат Ирланди, Словаки, Уэльс æмæ Албанийæн.
Хайадисджыты нымæц кæй фæфылдæр, уымæ гæсгæ Евро-16 финалон турнир ацæудзæн ног системæмæ гæсгæ. Къордæй рахизыны фадат уыдзæн æрмæст фыццаг æмæ дыккаг бынатæй нæ, фæлæ æртыккаг бынатæй дæр. Финалы 1/8 дæр уагъд æрцæудзæн фыццаг хатт, раздæр иу чемпионаты плей-офф райдыдта финалы ¼-æй.

Францы Уæрæсейы æмбырдгонд ахъаздзæн Леонид Слуцкийы къухдариуæгадæй Европæйы чемпионаты дебютанттæй дыууæйæ — Словаки æмæ Уэльсы командæтæ уыдзысты ныхмæлæуджытæ къордты этапыл. Фæлæ ацы командæтæ кæд дебютанттæ сты, уæддæр уый ууыл дзурæг нæу æмæ Уæрæсейы æмбырдгонд æнæмæнгæй рахиздзæн къордæй. Турниры агъоммæ травмæтæ райсыны оххосæй командæ фесæфта йæ раззагондæр хъазджыты — Зæгъойты Алан æмæ Игорь Денисовы, кæцытæ арæзтой националон æмбырдгонды централон хахх.

Уæрæсейы æмбырдгонд Евро-16 йæ официалон матчтæ ауаддзæн 11 июны англисæгты ныхмæ Марселы, 15 июны словакты ныхмæ Лиллы æмæ 20 июны та Уэльсимæ Тулузæйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0